Æвзалыдон, бирæон нымæц: æвзалыдæттæорганикон буаргъæдтæ; йе сконды ис æвзалыгуыр, туаггуыр æмæ донгуыр. Æвзалыдæттæ (моносахаридтæ, олигосахаридтæ, полисахаридтæ) сты энергийы ахсджиаг гуырæн: уыдон арæзт цæуынц зайæгойтæй, æмæ цæрæгой кæнæ адæймаджы организммæ бахауынц хæринагимæ, хæлцадон продуктты æртæ сæйраг аразæг хайæ сæ иу уæвгæйæ.