«Къæртт» у æрдæгконд, æрдæгфыст, æгæр цыбыр кæнæ та æгæр гыццыл зондхæссæг уац (уацфыст, статья).

Цыфæнды уацмæ дæр ис исты бафтауын, йе та йын ис фæхуыздæр кæныны амал, цыфæнды стыр кæнæ кæронбаст куы зына, уæддæр. Уацы æрдæгконддзинады нысан у уый, æмæ, цæуыл фыст у, уый тыххæй дзы кæронмæ фыст кæй нæу. Арæхдæр «къæртт»-ы нысан раттынц ахæм статьятæн, кæцытæ сæ асы тыххæй статья схонæн дæр нæ вæййы, фæлæ дзы цыдæр фыст кæй ис, уый тыххæй та сыхалынмæ æвгъау чи вæййы, уыдонæн. Ахæм уацæн йæ бон фæзынын у, чи йæ фыста, уымæ фыссын куынæуал цæуа, йе та йын рæстæг куынæуал фаг кæна, уæд. «Уац кæронмæ фыст нæу», зæгъгæ, йыл нæ хъæуы фыссын, кæд афтæ хъуыды кæныс, æмæ йын фæхуыздæр кæнын ис, уæд. Афтæ хъуыды кæнгæйæ, ахæм нысан Википедийы алы статьяйыл дæр æвæрын бахъуыдаид.

«Къæртт»-æй аирвæзынæн ис дыууæ хуызы фæндаджы

  1. Сыхалын æй :-(
  2. Бафтауын æм, цæмæй дзы кæронмæбаст уац рауайа.

Уæ хъус бадарут уыцы хъуыддагмæ, æмæ арæхдæр, цы уац фыссут, уымæн вæййы ссарын Википедийы æндæр æвзæгты хæйтты. Сымах бахъæудзæн æрмæст уый ратæлмац кæнын.

Уæ хорзæхæй, æрдæгконд æмæ æрдæгфыст уацты цыфæнды амалæй дæр æвæрут {{къæртт}}, кæцы бацамондзæн Википедийæн ахæм шаблон дзы фыссын кæй хъæуы, уый.


Уый у тынг вазыгджын, цæмæй энциклопедийы кæсджытæ Википедийыл æвзæр цæст ма дарой, уый тыххæй.

Къæрттыты хуызтæ ивын

Сæ темæмæ гæсгæ къæрттытæн ис дырысдæр нысан раттын:




















«Къæрттытæ» кæм агургæ сты ивын