Æмвæзад денджызы бæрзæндæй

Æмвæзад денджызы бæрзæндæй — координатæ æртæбæрцон (уырыс. трехмерный) тыгъдады, (иннæ дыууæ уæрхад æмæ дæргъад) æвдисы цавæр æмвæзыл ис тæпп нолыл нымад денджызы æмвæзмæ гæсгæ.

Бæрзæнды бынат координатон сферæйыл

Цæмæй тæппы ран æххæстæй бæрæггонд æрцæуа æртæбæрцон тыгъдады, уый тыххæй хъæуы æртыккаг координатæ — Бæрзæнд. Панетæйы центрмæ дæрддзæгæй географи нæ пайда кæны: бæззы афтиддæр планетæйы тынг арф бæстæты афыстæн, кæнæ космосы орбитæтæ нымайынмæ.

Географион цъары гæрæнты пайда кæнынц арæхдæр æмвæзад денджызы бæрзæндæй, нымад цæуы «лæгъзгонд» геоиды уæлцъары æмвæзæй. Ахæм æртæ координатæйæ систæмæ уайы ортогоналон, уый æнцондæр кæны нымаинæгтæ. Æмвæзад дæнджызы бæрзæндæй ма æнцойуат у атмосферон æлхъывдимæ басты тыххæй.

Зæххы уæлцъарæй дæрддзæг (уæлæмæ кæнæ дæлæмæ) арæх пайдагонд цæуы бынаты афысты рæстæг, фæлæ нæу координатæ цъары æнæлæгъзы тыххæй.

Кæс ноджы ивын