Æнæкæрон къуырцдзæвæн

«Æнæкæрон къуырцдзæвæн» (уырыссагау «Бесконечный тупик») у нырыккон уырыссаг фыссæг, историк æмæ публицист Дмитрий Галковскийы философион роман. Ныффыста йæ 19851988 азты. 1990-æм азты райдианы романы скъуыддзæгтæ ныммыхуыр кодтой цалдæр дæс журнал æмæ газеты. Фæлæ алыхуызон политикон æмæ идеологион аххосæгтæм гæсгæ чиныг æнæхъæнæй рауадзын рауагъдæдтæ нæ разы кодтой. Фыссæгæн йæхи загъдау, уацмыс мыхуыры рауадзын не сразы сты æдæппæтæй 20 рауагъдадмæ æввахс. Фæлæ фæстагмæ мыхуыргонд æрцыдис 1997-æм азы (тираж — 500 экземпляры), æцæг официалон мыхуыры нæ, фæлæ «самиздаты» хуызы. Дыккаг хатт æй рауагъдæуыд 1998-æм азы (тираж — 2000 экземпляры). Уый дæр уыдис «самиздатон» рауагъд. Чиныг мыхуыры рауадзыныл куыд архайдта, æппæт уыдæтты тыххæй автор йæхæдæг радзырдта сæрмагонд уацы. Фæстаг (æртыккаг) рауагъд мыхуыры рацыдис 2008-æм азы.

«Æнæкæрон къуырцдзæвæн»-æн ис вазыгджын структурæ. Роман фыст у гипертексты хуызы. Цымыдисаг у, уацмыс фæлдыст кæй æрцыдис электронон гипертекстты фæзынды бирæ раздæр.

Роман «Æнæкæрон къуырцдзæвæн» арæзт у эссейæ (йæ сæргонд радта романæн йæ ном) æмæ эссейæн фыст 949 фиппаинагæй. Романы сæйраг хай у эссе нæ, фæлæ уыцы фиппаинæгтæ. Чиныг равзæрди фыссæджы боныгæй. Алы фиппаинаджы мидæг ис æрвитæнтæ иннæ фиппаинæгтæм, уыцы фиппаинæгты та — æрвитæнтæ аннæ фиппаинæгтæм, æмæ афтæ дарддæр. Афтæмæй чиныгкæсæг чиныг кæсгæйæ цæуы æрвитæнтæм гæсгæ иу фиппаинагæй иннæ фиппаинагмæ æмæ арфдæр ныгъуылы уацмысæн йæ къуырфытæм. Æмæ уый тыххæй автор йæ чиныг схуыдта «Æнæкæрон къуырцдзæвæн» («Бесконечный тупик»), ома кæрон скæнæн кæмæн нæй, фæуæн кæмæн нæй ахæм къуырцдзæвæн (къуымау), лабиринт, «тупик». Уацмысы номы ма ис фæсномыг, аллегорион хъуыды. Уыцы хъуыды æвæрд ис романæн йæ мидисы. Цыбырæй зæгъгæйæ, эссе æмæ фиппаинæгты сæйрагдæр темæтæ сты Уæрæсе, уырыссаг истори, культурæ æмæ литературæ. «Æнæкæрон къуырцдзæвæн» у номдзыд уырыссаг культурæйы аллегорион ном. Автор йæ чиныг фысгæйæ, чиныгкæсæг та чиныг кæсгæйæ ныгъуылынц уырыссаг культурæйы æгæрон фурды. «Æнæкæрон къуырцдзæвæн»-ы тæккæ æмбæлагдæр нæмттæ сты Розанов, Достоевский, Ленин, Набоков, Гоголь, Чехов æмæ æндæртæ.

Уæрæсейы бирæ зынгæ критиктæ æмæ литературæ иртасджытæм гæсгæ «Æнæкæрон къуырцдзæвæн» у XX æнусы уырыссаг литературæйы тæккæ ахсджиагдæр æмæ ахадгæдæр уацмыстæй иу[кæцæй ист у?].

Æрвитæнтæ

ивын