Чехов, Антон Павелы фырт

(Чехов-æй æрвыст)

Анто́н Павелы фырт Че́хов (уырыс. Антон Павлович Чехов; райгуырдис 1860-æм азы 29 январы Таганроджы, ныры Ростовы облæсты — амардис 1904-æм азы 15 июлы Баденвайлеры, Германы империйы[8][9]) уыд уырыссаг фыссæг, прозаик, драматург, публицист[10], дохтыр, æхсæнадон архайæг[11][12][13].

Антон Павелы фырт Чехов
уырыс. Антон Павлович Чехов
Гуырæн ном уырыс. Антонъ Павловичъ Чеховъ
Райгуырды датæ 17 (29) январы 1860[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1904-æм азы 15 июлы(1904-07-15)[3][1][…] (44 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Ахуырад
Архайды хуыз журналист, фыссæг, прозаик, сатирик, драматург, новеллист
Жанр реализм[d], уацау[d], театралон пьесæ[d] æмæ радзырд[d]
Уацмысты æвзаг уырыссаг[7]
Хорзæхтæ
Автограф Подпись
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Дунейы аив литературæйы зындгонддæр классиктæй иу. Йæ уацмыстæ тæлмацгонд æрцыдысты сæдæ æвзагæй фылдæрмæ, уыцы ’взæгты ’хсæн ис ирон дæр[14]. Йæ пьесæтæ — «Кæсагдзау», «Æртæ хойы», «Балбæлæсты къох» æмæ иннæтæ — дунейы алы къуымы дæр æвæрд цæуынц театрты. Чехов, Стриндберг æмæ Ибсен нымад сты театры модернизм æрфидар кæныны стырдæр нысаниуæг кæмæ ис, ахæм автортыл[15].

Йæ сфæлдыстады 25 азы дæргъы Чехов ныффыста 500 уацмысæй фылдæр, уыдоны ’хсæн — цыбыр радзырдтæ, уацаутæ, пьесæтæ.

Цардафыст

ивын
 
Суинаг фыссæджы фыды хæдзар. Таганрог

Антон Чехов райгуырдис 1860-æм азы Таганроджы, Азовы денджызы былгæрон сахары. Æхсæз иннæ сывæллоны ’хсæн уыдис æртыккæгæм. Ахуыр кодта грекъаг скъолайы æмæ лæппуты гимназы, заргæ кодта аргъуаны хоры, йæ сабибонтæ-иу æрымысыд куыд тухæн.

Чеховы фыдмæ уыдис чысыл дукани. Сæудæджерон хъуыддæгты йын не ’нтыстис, фæлæ уæддæр йæхицæн байдыдта аразын ног хæдзар. Фæстæдæр бинонты бахъуыд Мæскуымæ алидзын, фыды уавæр бынтон къуывитмæ куы æрцыдис, уæд.

Йæ хæстæджытæ Мæскуымæ куы ацыдысты, уæд Антон Чехов æртæ азмæ ма баззадис Таганроджы, йæ ахуыры хæрдзтæ фыста йæхæдæг, сæрмагонд уроктæй æмæ иннæ куыстытæй æхца бакусгæйæ. Уыцы рæстæг æрыгон лæппу бирæ кастис, иннæ чингуыты ’хсæн — Сервантесы, Тургеневы, Гончаровы æмæ Шопенгауэры уацмыстæ.

1879-æм азы йæ ахуыр фæци æмæ йæ бинонтæм Мæскуымæ æрцыдис, уым райдыдта Мæскуыйы фыццæгæм медицинон университеты ахуыр кæнын.

Мæскуыйы цæргæ Антон сси йе ’гас бинонтæн сæ дарæг. Æхца бакусынæн æрвылбон фыста цыбыр æмæ цыргъ радзырдтæ Антошæ Чехонте, зæгъгæ, ахæм фæсномыгæй, тагъд рæстæджы йæхицæн скодта уæрæсейаг уынгты царды карз критикы ном.

1884-æм азы Чехов райста дохтыры дæсныйад, кæцы йæхæдæг нымадта йæ сæйрагдæр куыстыл, кæд æмæ бирæ æхца уымæй нæ иста, уыддæр. Уыцы иу аз Чехов базыдта, рæуджыты тарнизæй рынчын кæй у, уый.

1886-æм азы Чеховæн арвыстой хонæг Бетъырбухмæ, «Новое время»-йы кусынмæ. Уымæй йæ финансон уавæр дзæвгар фæхуыздæр ис. Газеты хицау, миллионер Алексей Суворинимæ, Чехов цардис хæларæй, йæ амæлæты бонмæ тынг хорз ахæстдзинæдты сæм уыдысты. 1888-æм азы Чехов райста кадджын Пушкины преми йæ радзырдты æмбырдгонды тыххæй.

Чеховы дыууæ стыр балцы акодта йæ царды мидæг — сæ иу уыд империйы хуссары быдыртæм, сæ иннæ та — Сыбыр æмæ Сахалинмæ. Сахалины аныхас кодта, сакъадахыл хасты чи цардис, уыцы бирæ адæймæгтимæ, стæй бацархайдта цæрджыты сфысты. Фæстæмæ Сахалинæй цыдис науыл æмæ федта дунейы цымыдисаг рæттæ — Цейлон, Инди æмæ æндæр бæстæтæ.

Йæ царды фæстаг æхсæз азы Чехов арвыста, «урс дачæ», зæгъгæ, уыцы хæдзары Хъырымы Ялтæйы цур. Фыццаг хатт Ялтæйы уыдис 1888-æм азы, бынат йæ зæрдæмæ тынг фæцыдис, æмæ фæстæдæр уым балхæдта зæххы гæппæл æмæ дзы самайын кодта тынг аив хæдзар архитектор Шаповаловы проектмæ гæсгæ. Уыцы хæдзары цардис йæ мад æмæ йæ хотимæ. Уым ныффыста, æппæт дунейы зындгонд чи сты, йæ уыцы пьесæтæ — «Æртæ хойы» æмæ «Балбæлæсты къох», уацау «Лæнчы» («В овраге»), радзырдтæ «Дама с собачкой», «Архиерей», «На святках» æмæ «Невеста». Урс дачæйы алфамбылай цы дыргъдон уыд, уый зайæгойтыл зилын тынг уарзта йæхæдæг. Уыцы хæдзар ныртæккæ у Чеховы паддзахадон музей. Ялтæйы цæргæйæ, тынг æнувыд уыд бынæттон хæрзаудæн архайдыл дæр, æххуыс кодта мæгуыртæн, тарнизæй рынчынтæн, сидзæр сывæллæттæн.

 
Антон Чехов йæ ус Ольгæимæ. 1901 аз

1901-æм азы 25 майы 41-аздзыд Чехов усæн ракуырдта немыцаг равзæрды актрисæ Ольгæ Книппер. Лæг Хъырымы цардис, ус та куыста Мæскуыйы аивадон театры — афтæмæй-иу арæх кæрæдзи нал федтой, фæлæ се ’хсæн цы стыр уарзт уыдис, уымæн æвдисæн сты мин фыстæгæй фылдæр. Чехов куы амардис, йæ ус загъта се ’мкъайад амондджын кæй уыд, уый. Чехов йæхæдæг куыд загъта, хъуыдис æй мæйы хуызæн ус, кæцыйы арвыл алы бон ма фена.

Антон Чехов амардис тарнизæй 1904-æм азы 3 июны Германы курорт Баденвайлеры. Уырдыгæй йæ мард сластой уазалгæнæн вагоны æмæ йæ баныгæдтой Мæскуыйы, йæ фыды ингæны цур Новодевичьейы уæлмæрдты.

«Уæхи мидæг адæймаджы хъахъхъæнут», — бафæдзæхста Чехов[16].

Литературæ

ивын
  • Александр и Антон Чеховы. Воспоминания, переписка / Сост., подг. текста и коммент. Е. Гушанской, И. Кузьмичёва. — М.: Зажаров, 2012. — 960 с. — (Биографии и мемуары). — 3000 экз. — ISBN 978-5-8159-1136-9.
  • Бочаров С. Г. «Чехов и философия» // Вестник истории, литературы, искусства. — М.: Собрание; Наука, 2005.
  • Венгеров С. А. Чехов, Антон Павлович // Энциклопедический словарь Брокгауза и Ефрона : в 86 т. (82 т. и 4 доп.). — СПб., 1903. — Т. XXXVIIIa. — С. 777—781.
  • Вокруг Чехова / Сост., вступ. ст. и примеч. Е. М. Сахаровой. — М.: Правда, 1990. — 656 с. — 100000 экз.
  • Волчкевич Майя. «Чайка». Комедия заблуждений. — М.: «Пробел-2000», 2010. — 128 с.
  • Волчкевич Майя. «Дядя Ваня». Сцены из непрожитой жизни. — М.: «Пробел-2000», 2010. — 87 с.
  • Гиляровский В. А. Антоша Чехонте / Гиляровский В. А. Москва газетная. Друзья и встречи. — Мінск: Навука и тэхніка, 1989. — 384 с.: иллюстрации. — С. 253—280. — ISBN 5-343-00147-5.
  • Задёра Г. П. Медицинские деятели в произведениях А. П. Чехова. Очерк. — Ежемесячные литературные и популярно-научные приложения к журналу «Нива», 1903, октябрь, ноябрь.
  • Корней Чуковский. О Чехове
  • Кузичева А. П. А. П. Чехов в русской театральной критике. Комментированная антология. 1887—1917. — М.: ЧПК, 1999. — 542 с.
  • Кузичева А. П. Чехов. Жизнь «отдельного человека». — СПб.: Балтийские сезоны, 2011. — 880 с., илл.
  • Меве Е. Б. Медицина в жизни и творчестве А. П. Чехова. — К.: Госмедиз УССР, 1961. — 288 с.: илл., портр.
  • Шубин Б. М. Доктор А. П. Чехов. — М., 1979. — 160 с.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 1,2 1,3 1,4 Краткая литературная энциклопедия (уырыс.)Москва: Советская энциклопедия, 1962.
  2. Венгеров С. Чехов, Антон Павлович (уырыс.) // Энциклопедический словарьСПб: Брокгауз — Ефрон, 1903. — Т. XXXVIIIа. — С. 777—781.
  3. https://bigenc.ru/literature/text/4684952
  4. Чехов Антон Павлович // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  5. http://www.laphamsquarterly.org/death/miscellany/its-been-long-time-ive-had-champagne
  6. http://onlinelibrary.wiley.com/doi/10.1002/rmv.365/pdf
  7. CONOR.Sl
  8. Паперный З. С. Чехов Антон Павлович // Чаган — Экс-ле-Бен. — М. : Советон энциклопеди, 1978. — С. 138. — (Стыр советон энциклопеди : [30 т.] / сæйраг ред. А. М. Прохоров ; 1969—1978, т. 29). (Датæ: 2009 6 июны)
  9. Ранчин А. М. ЧЕХОВ Архивгонд æрцыдис 27 декабры 2017 азы. // Большая российская энциклопедия. Электронная версия (2017). Дата обращения: 26.12.2017
  10. А П Чехов - Публицистика. my-chekhov.ru. Датæ: 2021-æм азы 18 мартъийы.
  11. А П Чехов - Голодающие дети. my-chekhov.ru. Датæ: 2021-æм азы 18 мартъийы.
  12. А П Чехов — В пользу нуждающихся приезжих больных. my-chekhov.ru. Датæ: 2021-æм азы 18 мартъийы.
  13. А П Чехов - Воззвание о помощи нуждающимся туберкулезным больным. my-chekhov.ru. Датæ: 2021-æм азы 18 мартъийы.
  14. Антон Павлович Чехов в переводах осетинских писателей(недоступная ссылка). Датæ: 2021-æм азы 21 декабры. Архив 2021-æм азы 21 декабры.
  15. Harold Bloom, Genius: A Study of One Hundred Exemplary Authors.
  16. «Берегите в себе человека»