Æртæиууоны кафедралон аргъуан (Тбилис)

Æртæиууоны кафедралон аргъуан, кæнæ Цъминда Самеба (гуырдз. წმინდა სამება, ома «Сыгъдæг Æртæиууон») у гуырдзиаг православон еклезийы сæйраг кафедралон аргъуан.

Кувæндон арæзт æрцыд 1995–2004-æм азты сахар Тбилисы, æмæ у Хуссар Кавказы тæккæ дынджырдæр динон бæстыхай.