Тбилис
Калак у Гуырдзыстоны сæйраг сахар. Æндæр нысаниуджыты тыххæй кæс Калак (нысаниуджытæ).
Сахар
|
Тбилис[1] (гуырдз. თბილისი) кæнæ Калак[2] (дзырд гуырдз. ქალაქი: [калаки] нысан кæны сахар, æмæ Тбилисы уый тыххæй ир схуыдтой Калак; цæгаты Дзæуджыхъæу, горæт, зæгъгæ, куыд схуыдтой, афтæ) — у Гуырдзыстоны сæйраг сахар.

Цæрджыты нымæц: 1,3 милуаны бæрц.
Сахарæн йæ бындур æвæрд æрцыд V æнусы, паддзах Вахтанг I Горгасалийы фæндонмæ гæсгæ.
НомИвын
Тбилиси гуырдзиаг æвзагæй цæуы (гуырдз. თბილი [тбили] «хъарм»). Иронау æй арæх хуыдтой Калак (гуырдзиаг дзырд калаки-йæ, хуымæтæджы «сахар»), ныры мыхуыр арæхдæр пайда кæны Тбилис, зæгъгæ, ахæм номæй. 1936-æм азмæ уырыссагау сахары ном уыд Тифлис.
ГеографиИвын
Тбилис лæууы цæугæдон Къуары былыл.
ТранспортИвын
Тбилисы ис метрополитены системæ. Уый скуыста 1966-æм азы 11 январы æмæ 2007-æм азмæ йæ скондмæ хауынц хæххыты 26,3 км æмæ 22 станцæйы.
ФенддæгтæИвын
ФиппаинæгтæИвын
- ↑ Нырыккон ирон æвзаджы.
- ↑ Калоев Б.А. Осетины Восточной Осетии и районов Грузии — Владикавказ: Ир, 2012. 123 с.