Æртхурон – арты бардуаг, буары цармы низтæ æрвитæг.

Кадджыты ма æвдыст цæуы курæгæй, цæмæй Стыр Хуыцау адæмæн радта хъæздыгдзинад æмæ амонд. Ногбон æхсæв скæнынц сæрмагонд ритуалон чъири, хонынц æй зынг – арты бардуаджы номæй Æртхурон, зæгъгæ (дыгуронау та уыцы чъири хуыйны родзингæ, иудзырдæй, уый дæр баст у арт-рухсимæ). Æртхурон конд вæййы æрмæстдæр бинонтæн. Æцæгæлоны раз æрæвæрыны бар дзы нæй, нæ фæтчы. Æртхурон у рагон ирон арт-зынджы дины æгъдæуттæй ма цы мынæг фæдтæ баззадис, уыдонæй иу.

Ногбоны гуыдын — Æртхурон ивын

Æфсинтæ йæ егъау хурдзалхы хуызæн уæрæх ныззилынц. Скæнынц æй ног азы Хур цытджын скæнынæн, сæ къонайы арт æмæ Хуры иудзинады фидардзинадæн. Хур у царддæттæг, æмæ йæ минæвар æдзухдæр сæ къонайы куыд уа, цардыхос сын куыд хæсса, уый нысанæн. Хуымæтæджы йын не скувынц:

 

Бур Æртхурон, уæларвмæ цæуыс, нæ хорз хабар нын фæхæсс, хорз æмæ дзæбæхтæ нæм æрхæсс.

 

Хуымæтæджы йæ бур нæ хонынц, хуымæтæджы йæ Хуры хуызæн нæ кæнынц. Хурæн, артæн куывтой нæ фыдæлтæ. Æртхуроны æвæрд ис бинонты фидæн. Йæ хуылфы йын-иу бакодтой æвзист æхца, хоры нæмыг, фыды мур æмæ æндæртæ. Скувыны фæстæ-иу æй бинонтæ цал уыдысты, уал хайы куы акодтой, уæд-иу йæ карсты кæмæн цы разынд, уымæ гæсгæ цинæнхъæл уыд йæ фидæнæй: æхцаимæ – уыдзæн æхцаджын, хоры нæмыгимæ –хорджын, фыды муримæ – фосджын.

Литературæ ивын

  • Арвы дуар. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 с.