Хуыцау — зæхх сфæлдисæг, уæларвцæрæг, фенæн кæмæн нæй, ахæм сæйраг бардуаг ирон мифологийы. Арæх æй хонынц Хуыцæутты Хуыцау дæр, уымæн æмæ иннæ ирон бардуæгтæ — дзуæрттæ йæ дæлбар уыдысты. Уæларвбæсты цæргæйæ, Хуыцау зоны, зæххыл цыдæриддæр цæуы, уый. Арв æмæ зæххы ’хсæн йæ рæстаг лæг у Уастырджи.

Ирон уырнынады æмæ мифологийы ивын

Нарты каджыты Хуыцау фæцис уæларвцæрджыты фарс Нартимæ тохы, у номдзыд нарт Батрадзы марджытæй. Хуыцауы номимæ баст сты æртæ ирон кувæндоны — Реком, Мыкалгабыртæ, Таранджелоз, кæцытæ фæзындысты, Батрадзы куы бабын кодта, уæд ыл цы æртæ цæссыджы æрæппæрста, уыдон кæм æрхаудысты, уыцы ран. Хуыцау Нарты ралгъыста, сæхи Хуыцауимæ æмдых æмæ æмбар кæй схуыдтой, уымæ гæсгæ, æмæ сæ æппынфæстæг сафгæ дæр фæкодта, æнустæм кады фæдыл æнустæм цардыл йæ къух чи ауыгъта, уыцы нæртон адæмы. Ирон адæмы хъуыдымæ гæсгæ, Хуыцаумæ нæ уыд, сæ царды алыхуызон къабæзтимæ баст чи уыдаид, ахæм сæрмагонд функцитæ, æмæ йын уымæ гæсгæ нæ уыдис сæрмагонд кувæндон æмæ нæ агуырдта «персоналон» нывонд æмæ кувинæгтæ. Рагзаманты иуæй-иу ирон хъæуты уыдис Хуыцауы кувæндæттæ. Зæгъæм, Хуыцауы дзуар Лæцмæ ’ввахс Куырттаты комы.

Ирон адæм Хуыцауæн уæлдай кад æмæ аргъ кæй кæнынц, ууыл дзурæг у, цыфæнды фынгыл дæр фыццаг сидт кæддæриддæр кæй уыдис æмæ кæй вæййы Хуыцауы номыл.

Ирон адæм æнусты дæргъы мингай азты табу кæны, кувы æмæ нымдгæнгæ царды хорздзинæдтæ куры Дунескæнæг Иунæг Стыр Хуыцауæй. Хуыцау ирон мифологийы у æппæт рафæлдисæг æмæ ис æппæты сæргъы. Зæххыл цыдæриддæр цæуы, уыдон иууылдæр – Хуыцауы фæндонæй. Уый сфæлдыста зæхх, дон, уæлдæф æмæ адæймаджы дæр. Уыимæ схæцын йæ ныфс ничи хæссы, ничи йыл фæуæлахиз уыдзæн. «Батрадз зæдтæ æмæ дауджытæн сегасыл дæр тых уыд, – загъд ис Нарты кадджыты, – Хур æмæ Хуыцауæй фæстæмæ». Йæ ныхмæ чысыл фæлæууын дæр нæ бафæрæзта Даредзанты Амран. Нæ йыл фæтых сты Нартæ дæр иумæ æмæ «фыдвæды бæсты равзæрстой æвæд».

Дунескæнæг Иунæг Стыр Хуыцау. Дунерадтæг. Дунеуромæг æмæ ахæм æндæр гуырахстджын дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæй хонынц ирон адæм Хуыцауы. Алцыдæр йæ бон у, зæдтæй йæм алчидæр хъусы, дауджытæ дзы стъæлфынц. Бердзенты мифологийы Зевс куыд у, афтæ æнæ Хуыцауы барвæндæй дзы стыр хъуыддаг бакæнын йæ бон никæмæн у. Фæлæ уый Зевсау ирон Олимп – Уазайы цъуппыл зæдтимæ нæ бады. Ис бæрзонд уæларвы. Уырдыгæй æврæгъты сæрты дæр йæ цæст дары Зæххмæ, адæмы цардмæ æмæ йæм ивддзинæдтæ хæссы.

Адæмæн цæрæнбон, хъысмæттæ æмæ амæндтæ уары. Алцыдæр уыны æмæ зоны: хæрзиуæг кæмæн дæттын хъæуы, æфхæринаг чи у. Уымæ гæсгæ Хуыцауыл æууæндæг алы ирон дæр йæхи хъахъхъæны йæ фыдæхæй. Æнæнхъæлæджы куы фæрæдийы, уæд уайтагъд йæхи араст кæны ахæм ныхæстæй: «Хуыцау, бахатыр мын кæн мæ рæдыд, зонгæ-зонын æй нæ бакодтон». Кæнæ: «Нæзонæджы хатыр мын бакæн». Хуыцау хæрзгæнæджы дæр уыны æмæ фыдгæнæджы дæр. Фыдгæнæджы тæригъæд, дам, æртæ фæлтæрмæ хæссы. Уый тыххæй ирон адæм афтæ фæзæгъынц: «Хуыцау тагъд нæ кæны, галуæрдоны цæуы. Абон куынæ уа, райсом æй уæддæр баййафдзæн йæ фыдæх». Хуыцауæн ныхмæвæрд тых Зæххыл ис дæлимонмæ. Уый йын сайы йе сконд адæмы рæдыд фæндагмæ. Æргомæй йæ бон ницы у, стæй йæ тых æвдисын дæр нæ уæнды, фæлæ йæ сусæг зджилæнтæй адæмы зонд хæццæ кæны. «Дæлимоны хай фæу», зæгъгæ, ахæм æлгъыст хуымæтæджы нæй ирæттæм. «Хуыцау æгъатыр у, кæмæн цы хъæуы, уый зоны», – фæзæгъынц ирон адæм. Хуыцауы фыдæхæй карздæр ницы ис Зæххыл. Адæмæн хæрзиуæг кæны зæдтæ æмæ дауджыты æххуысæй, æфхæргæ дæр – уыдоны фæрцы. Фæлæ йæм дзы æнæхонгæ иу дæр нæ цæуы. Æрмæст Уастырджийæн ис бар, куыд фæзæгъынц, æнæбахойгæйæ Хуыцауы дуарæй бахизын. Уастырджи у Хуыцау æмæ ирон адæмы хсæн дыууæрдæм минæвар. Уый рарвиты зæххон хабæрттæ бæлвырдæй базонынмæ, адæмы бафæрсынмæ, мæгуырæн феххуысмæ, фыдгæнæджы бафхæрынмæ.

Æрмæст иунæг хатт Нартмæ йæ минæвар у зæрватыкк (Кадæг «Нарты сæфт»). Ацы кадæджы: «Хуыцау смæсты ис (Нартæм) æмæ сæм Уастырджийы рарвыста, æмæ сæ Уастырджи ралгъыста: «Уæ боны куыст иу голладжы дзагæй фылдæр ма кæнæд!» Хуыцауы никуы ничи федта. Зæхмæ искуы æрцыд, уый никуы загъд ис ирон адæмон сфæлдыстады. Æрмæст иу таурæгъ «Амран æмæ цуанон»-ы зæххон лæг Амран фены Хуыцауы, йе стыр мады мады æфсымæры. Се ’хсæн рауайы ныхас дæр. Тызмæг, быцæу ныхас цыд Амраны ’рдыгæй. Уæд æм Хуыцау фæхудти: – Амран, мемæ хæцынæн ницы скæндзынæ ды. Хуыцау æм ехс раппæрста æмæ дзуры Амранмæ: – Уæдæ ма мæм гъе уый сдæтт. Амран æрæвнæлдта ехсмæ æмæ йæ змæлын дæр нæ фæкодта. Хуыцау æм фæмæсты æмæ йæ дзуæрттæн Уæрсæджы хохыл бабæттын кодта.

Ирон адæмау Нартæ дæр нæлгоймагæй, сылгоймагæй сæхи фæдзæхсынц Иунæг Стыр Хуыцауыл. Сатана йæхæдæг уа, Нартæ, зындзинады куы бахауынц, уæд уайтагъд æртæ мыдамæсты ракæны, уæлвонг ранмæ ссæуы æмæ Хуыцаумæ скувы. Йæхи йын зындоны цады æппарынвæнд куы скæнынц, уæд та ныццыди доны былмæ æмæ сбадт, Сослан цы дурæй райгуырдис, ууыл æмæ скуывта: «Хуыцау, ахæм маргъ ратæхын кæн, æмæ мын Сосланмæ мæ ныхас чи фæхæццæ кæна!» Йæ курдиат ын кæдфæнды дæр сæххæст кæны Хуыцау.

Хуыцау Нарты кадджыты, Даредзанты таурæгъты æмæ æппæт ирон адæмон сфæлдыстады дæр у иу дæр нæ, фæлæ иунæг. Дунескæнæг. Дунейыл йæ армдарæг, Иунæг Стыр. Ахæм миниуджытæ, гæнæнтæ, хæстæ дзы нæдæр иу зæдмæ, нæдæр иу дуагмæ хауынц. Уæд æй иуæй-иу хатт, цымæ, Хуыцæутты Хуыцау цæмæн фæхонынцæ? Уымæй йын ирон адæм йæ кад, намыс æмæ стырдзинад бæрзонддæр сисынмæ фæхъавынц. Ома, æппæт зæдтæ æмæ дауджытæ уый дæлбар сты, уый цы сфæнд кæна, уымæн аивæн нал ис, йæ зонд, йæ хъару æппæтыл дæр тых у, æппæтыл дæр æххæссы. Ахæм хуызы ма дзурынц æрмæст Хурзæринмæ: Хурты Хурзæрин. Дзырдбæстытæ Хуыцæутты Хуыцау, Хурты Хурзæрин сты сæ уаздзинад сын тынгдæр равдисыны охыл. Хуыцау æмæ Хурзæрин, стæй та Уастырджи сты ирон дины сæйрагдæртæ. Фæстаг дыууæйыл дæр цæуы æрмæстдæр Хуыцауы бар. Хуыцау у иунæг. Алы адæмтæ йæ хонынц алыхуызон нæмттæй, фæлæ сæ кувын, сæ курдиат цæуы иу ранмæ, адæм хохы цъупмæ алырдыгæй куыд хизой, афтæ, æмæ уый чи нæ æмбары, уый та ис дæлимоны ахæсты, æмæ йæм иннæ адæммæ цы фыдæхы зонд ис, уымæн хъомыс ма уæд! Дуне Хуыцау рафæлдыста. Алцыдæр Хуыцауæй аразгæ у. Хуыцауы цæст уынаг у. Хуыцауы æваст ницы ис. Æнæ Хуыцауæй цæрæн нæй. Нæ цард æгасæй дæр Хуыцауы къуыхы ис. Дзуæрттæ дæр Хуыцауы сты. Хуыцауы дзырдтыл дыууæ зæгъæн нæй. Æмбал кæнæм нæй, уый у иунæг кадджын Стыр Хуыцау, йæ хорзæх уæ уæд! – ахæм хъуыдытæ бæттынц Хуыцауимæ ирон адæм.

Чырыстон дины ивын

 
«Æртæиууон», Андрей Рублёвы иконæ

Æппæтылхæцæг, арвы æмæ зæххы кæй уынæм æмæ кæй нæ уынæм, уыдон æппæты Сфæлдисæг. Чырыстон дины Хуыцау — Æртæиууон — Фыд, Фырт æмæ Сыгъдæг Уд.

Пысылмон дины ивын

Пысылмонæн, Аллах у Æппæтхъомысджын Сфæлдисæг æмæ дунетыл Хæцæг, ницæй хуызæн у, æмæ йæмæ абарæн ницæимæ ис.

Литературæ ивын

  • Этнография и мифология осетин. Дзадзиев А.Б., Дзуцев Х.В., Караев С.М. Краткий словарь. – Владикавказ, 1994 – 284 с.
  • АРВЫ ДУАР. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 с.