Æхсырдианæхсыры бæрæгбон. Бæрæг æй кодтой сæрды райдайæны. Хъомгæсæн, фыййауæн урсагæй конд хуыздæр хуын чи сæрвыстаид, ууыл цыд ерыс æфсинты ’хсæн. Аргъгæнæг та сын уыдысты сæхæдæг, æмæ-иу уайтагъд хъæуыл айхъуыст хуыздæр æфсины ном. Уыцы бон уæлдай кадджындæр, дзадæджындæр уыдис хъомгæстæн, фыййæуттæн æмæ хуындзау сывæллæттæн, Хабархæссæг дæр уыдысты хуындзæуттæ.

Литературæ ивын

  • АРВЫ ДУАР. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 с.