Сæрд
Сæрд у азы афонтæй хъармдæр иу. Цæуы уалдзæджы фæстæ æмæ фæззæджы рæзмæ. Сæрды хурхæтæны дæргъы бонтæ сты дæргъдæр æмæ æхсæвтæ цыбырдæр.
Æххæстдзыд у æртæ мæйæ: Цæгаты æрдæгтымбылæджы — июнь, июль æмæ августæй, Хуссары та — декабрь, январь æмæ февралæй.
Астрономон сæрд
ивынЗæххы уæлцъары сезонон ивддзинæдты аххосджын сты планетæйы Хуры алывæрсты æрзылды афæдзон æмгъуыд æмæ йæ зилгæ-зилыны сæмæны акъул орбиталон фæзоймæ абаргæйæ.
Астрономийы позицийæ сæрд у — период сæрдыгон хурхæтæн æмæ фæззыгон бонæмиасады ’хсæн. Цæгат æрдæгкъорийы цæуы 20 (21) июнæй — 22 (23) сентябырмæ, Хуссар æрдæгкъорийы та 21 (22) декабрæй — 20 (21) мартъимæ.
Цæгаты æрдæгтымбылæджы сæрд вæййы 93,6 бонмæ ’ввахс, Хуссары æрдæгтымбылæджы — 89,0 боны.
Бæстыхъæды сæрд
ивынÆндæр ’мæ ’ндæр географон ронæгты, Хур æмхуызон кæй нæ рухс кæны Зæххы цъар, уымæн сæрды сезон хицæн кæны зымæджы онæй алыхуызон къæпхæнты. Уæрхады фæфылдæримæ стырдæр кæны уæлдай рухсбонты дæргъæн сæрд æмæ зымæджы, максимумтæм сæххæсгæ вæййы йæ полюстыл, Хур-иу æрдæг аз кæм нæ аныгуылы.