Абайты Хъырымы фырт Хаджумар (райгуырдис 1925-æм азы Ногиры — амардис 1982-æм азы) у Ирыстоны хуыздæр оперон зарæггæнджытæй иу.

Абайты Хаджумар
Райгуырды датæ 1925
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1982
Бæстæ
Професситæ оперон зарæггæнæг

Цардафыст ивын

Хæсты размæ Ногир чысыл хъæу уыдис. Электрон рухс, стæмтæй фæстæмæ, никæмæ уыдис, фæтæген цырагъы рухсмæ цардысты. Пианино кæнæ рояль цы сты, уый та зонгæ дæр ничи кодта. Хъæуы фæзы уыд æрмæст иу радиорепродуктор. Йæ цæрджытæ уыдысты цардбæллон адæм, æууæндыдысты хуыздæр фидæныл, цырагъау кæрæдзи уæлхъус лæууыдысты.

Абайты Хъырым йæ фырттæй уыдис сæрбæрзонд. Уымæн æмæ йын уыдысты саджы фисынтыл амад, куыстуарзаг, курдиатджын, хъæлæсджын. Хаджумар дæр иннæ æфсымæрты хуызæн ахуырмæ æвзыгъд уыд, æхсæв уарзта чингуытæ кæсын, фæлæ фæтæгеныл ауæрдын кæй хъуыдис, уымæ гæсгæ-иу йæ мад хыл кодта. Хаджумар уарзта шахмæттæй хъазын, хъуыды кæнын дзы кæй хъуыдис, уый йæ зæрдæмæ тынг цыдис. Уый йæ иннæ ’фсымæртау кодта алы куыст дæр. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд та уыдис фыййау.

Немыц куы æрбахæстæг сты, уæд æй йæ ныййарджытæ арвыстой сæ хæстæджытæм Хуссар Ирыстонмæ. Знæгтæ сывæллæтты æрвыстой Германмæ, æмæ йын уымæй тарстысты.

Ацы ран, фыййау уæвгæйæ, хæххон уыгæрдæнты уынд æмæ дидинджыты хæрздæфæй йæ зæрдæ радис. Хæхтæ йын лæвæрдтой уарзты æмæ сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ, æмæ-иу зæрдиагæй базарыд. Йæ зарджытæн ныхæстæ æмæ музыкæ фыста йæхæдæг.

Хæсты фæстæ Абайты Хаджумар фидарæй сфæнд кодта зарæггæнæг суæвын. Уыцы рæстæг Мæскуыйы консерваторийы вокалон факультеты байгом ирон хайад. Уырдæм ахуыр кæнынмæ бацыдис Хаджумар. Консерватори, Мæскуы ныххызтысты лæппуйы зæрдæйы. Студенттæн гæнæн æмæ амал уыдис Мæскуыйы Стыр театрмæ цæуынæн. Ацы ран Хаджумар хъуыста зындгонд зарæггæнджыты хъæлæстæм. Фыццаг цы оперæмæ байхъуыста, уый уыдис «Иван Сусанин» (Глинка). Сæйраг партийы дзы зарыд Максим Михайлов. Уымæн уыдис диссаджы бæзджын рæсугъд хъæлæс. Арæх хъуыста Римский-Корсаковы «Садко»-мæ.

Ахуыры фæстæ оперон зарæггæнæг Абайты Хаджумары фæхуыдтой Алма-Атайы оперæ æмæ балеты театрмæ. Ацы ран кодта æнтыстджын куыст. Йæ бæрны-иу ын бакодтой сæйраг ролтæ, хорзæхджын æй кодтой Кады гæххæттытæй, фæлæ уæддæр йæ зæрдæ уыд йæ райгуырæн Ирыстоны. Уый фæндыдис зарын йæ фыдæлты уæзæгыл, вокалон культурæйы рæзтыл кусын. «Мæн Ирыстон сахуыр кодта, схъомыл мæ кодта, æмæ дзы хæсджын дæн»,— арæх-иу дзырдта Хаджумар.

Фæндзайæм азты кæрон уый ссыдис Дзæуджыхъæумæ æмæ архайдта Мæскуыйы ирон литературæ æмæ аивады декадæйы. Хаджумар сси музыкалон лекторийы солист. Уыцы рæстæг уым зарыдысты Аннæ Авдеенко, Зинаидæ Минович, Едзиты Нинæ æмæ, зæгъæн ис, Мæскуыйы консерваторийы æппæт рауагъдонтæ. Ацы ран æвæрдтой оперæтæй скъуыддзæгтæ, арæзтой музыкалон спектаклты композицитæ, æмæ се ’ппæты дæр Хаджумар архайдта зæрдиагæй. Концертты аритæ æмæ романстæй уæлдай зарыд адæмон зарджытæ: «Вдоль по Питерской», «Эй, ухнем», «Дубинушка», «Ноченьку», «Хорз ус кæмæн вæййы», «Толдзæ».

Мусоргскийы сфæлдыстадыл концертты оперæ «Борис Годунов»-ы уый равдыста Борисы мæлæты ныв, азарыд «Песня о Блохе», зæгъгæ, уый. 1963 азы бæрæг кодтой Вердийы райгуырды 160 азы юбилей. Хаджумар оперæ «Сицилийская вечерня»-йæ бацæттæ кодта Прочилайы ари, къарол Филиппы ари оперæ «Дон Карлос»-æй. Зарыдис сæ тæккæ бæрзонддæр профессионалон æмвæзадыл.

Абайы-фырты камерон репертуармæ куы кæсай, уæд ма дзы бирæ зындгонд зарджытæ, романстæ, оперæтæй аритæ ис: «Дон-Жуан»-ы оперæ (Соло) Лепореллойы ари, Варягаг уазæджы зарæг оперæ «Садко»-йæ, Гунойы оперæ «Фауст»-æй, Мефистофелы куплеттæ, оперæ «Фатимæ»-йæ Наибы ари, ирон адæмон зарæг «Хъуыбады», «Садойнаг шахтерты зарæг» æмæ бирæ æндæртæ.

«Æз Абайты Хаджумаримæ куыстон, ирон театры музыкалон къорд куы байгом, уæдæй фæстæмæ. Уый канд Ирыстоны курдиатджындæр зарæггæнджытæй нæ уыд, фæлæ æнæхъæн бæстæйы дæр. Мæн фæнды йæ вокалон сфæлдыстады иу цауы тыххæй радзурын.

Лекъты Юри Украинæйæ куы æрыздæхтис, уæд сфæнд кодта оперон спектакльтæй стыр концерт сæвæрын. Уыцы концерт-спектаклы 1970 азы æз зарыдтæн Хаджумаримæ. Уый зарыд Куыройгæсы парти Даргомыжскийы оперæ «Русалка»-йæ. Мах зарыдыстæм Кънйаз æмæ Куыройгæсы зындгонд дуэт. Хаджумар афтæ хорз æмæ профессионалон зард кодта, æмæ абон дæр мæ цæстытыл уайы. Мах æм хъуыстам æмæ бирæ рæстæг фырдиссагæй нæ зæрдæтæ се ’муд не ’рцыдысты. Куыройгæсы арийы ис ахæм ныв, æмæ йæ чызг Наташæ йæ цæстытыл уайы цыма йын йæ сæр лæгъзытæ кæны æмæ дзуры: «Æмæ мæнæн уыдис чызг…» Ацы ран залы адæмыл мæ цæст ахастон æмæ федтон, адæм сæ цæссыгтæ куыд сæрфтой, бирæтæ та дзы æргомæй куыд куыдтой.

Æз ма Хаджумаримæ зарыдтæн Ленинграды Кировы заводы Культурæйы галуаны сценæйыл. Уæд уыдис литературæ æмæ аивады декадæ. Уыцы бæрæгбонæн композитор Гæбæраты Илья ныффыста дуэт бас æмæ тенорæн Ленинграды тыххæй. Уыцы уацмыс фыццаг хатт мах азарыдыстæм. Хаджумары бирæ рæстæг адæм сценæйæ нал уагътой. Йæ рæсугъд æмæ тыхджын хъæлæс зæлыд Советон Цæдисы бирæ горæтты», — зæгъы нæ республикæйы адæмон артист Мыкагъаты Пётр.

«Хаджумар гигант уыд. Ахæм зарæггæнджытæ Ирыстоны нал ис», — адон та сты нæ республикæйы адæмон нывгæнæг Хайты Владимиры ныхæстæ.

Æддаг æрмæг ивын