Агатангело́с, Агатангехос кæнæ Агафангел (сом. Ագաթանգեղոս) у V-æм æнусы сомихаг историк[1].

Агатангелос
Ագաթանգեղոս
Райгуырды датæ V æнус
Мæлæты датæ VI æнус
Бæстæ
Зонады къабаз истори
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст

ивын
 
"Историйы" фыццаг рауагъды æддаг цъар, Агатангелос, 1709-æм аз

Агатангелосы цардафысты тыххæй нæ заманы онг ницы æрбахæццæ. Таурæгъмæ гæсгæ, уыдис паддзах Трдат III Цытджыны (298—330) секретарь æмæ Григорий Рухстауæджы ’фсымæр, Сомихы фыццаг историон фыссæг. Фыста сомихаг адæм муртатдзинадæй чырыстон динмæ IV-æм æнусы куыд рацыдысты, уый тыххæй, æмæ чырыстон дин куыд сси Сомихы паддзахадон дин. Уыцы фыстытæ сты йæ чиныджы «Сомихаг адæм чырыстон динмæ куыд рацыдысты, уыцы истори». Нырыккон зонадон æй нымайы V-æм æнусы фæстаг æртыццаг хайы авторыл.

«Сомихаг адæм чырыстон динмæ куыд рацыдысты, уыцы истори»

ивын

Агатенгелосы истори биноныгæй дзуры политикон æмæ динон хъуыддæджыты тыххæй, иуыл фыццагдæр сомихаг адæм чырыстон динмæ куыд рацыдысты, уыимæ баст кæдон сты, уыдоныл. Фыццаг хатт уыцы чыныджы кой VI-æм æнусы райдайæны ракодта Лазаро Парпеци[2].

Уыцы куыст баззадис 30 къухфыстæй фылдæры, уыдонæй иуыл рагон фæзынд X-æм æнусы. Нæ заманы онг бахæццæ ис бердзенаг тæлмац сомихаг æвзагæй, кæцы арызт уыд, гæнæн ис, в 464—468-æм æзты.

Уымæй уæлдай ма чиныг цыбырæй дзуры чырыстон дины ахуырады тыххæй. Автор ма фыссы историйыл дæр. Йæ уацмысы центры лæууы сомихаг паддзах Трдат III Цытджын æмæ Григори Рухстауæг. Агатенгелосы «Истори» тынг бандавта рагонсомихаг литературæйыл.

Фыццаг хатт æй мыхуыры рауагътой Константинополы 1709з-æм æмæ 1824-æм æзты, æмæ Венецийы — 1838-æм азы.

Ацы куыстæн ма ис араббаг верси дæр, ис ма дзы гуырдзиаг верси.

Мысæн

ивын

Агатангелосы номæй схуыдтой уынг Ереваны.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Michael E. Stone. / Adam and Eve in the Armenian Traditions, Fifth through Seventeenth Centuries. — Society of Biblical Lit, 2013. — P. 683. — (Early Judaism and its literature, 38)
  2. Robert W. Thomson. / Rewriting Caucasian History. The Medieval Armenian Adaptation of the Georgian Chronicles. The Original Georgian Texts and the Armenian Adaptation. — Clarendon Press, 1996