Аддала-Шухгельмеэр

Аддала́-Шухгельмеэр у хохы цъупп Стыр Кавказы скæсæны хайыл, Богосы рагъыл, Дагъистаны. Йæ бæрзæндмæ гæсгæ Дагъистаны ахсы æртыккаг бынат, йæ бæрзæнд хæццæ кæны 4151 метрмæ денджызы æмвæзæй уæлдæр. Бынæттон цæрджытæ йæ хонынц Каббала.

Аддала-Шухгельмеэр
Кæм ис Уæрæсе
Хохы системæ Кавказы хæхтæ
Рагъ Богосы рагъ
Цъуппы бæрзæнд 4152 м [1]
Фыццаг сцыд Готфрид Мерцбахер, 1892
Аддала-Шухгельмеэр (Уæрæсе)
Аддала-Шухгельмеэр
Аддала-Шухгельмеэр (Дагъистан)
Аддала-Шухгельмеэр

Афыст ивын

Хохы формæ зæрдыл æфтауы рæгътæ, кæдон æмбырд кæнынц йæ цъуппыл. Уый тыххæй Адалла-Шухгельмеэр мæргътахты бæрзæрндæй у стъалыйы хуызæн[2]. Хохы хуссар-ныгуылæны ’рдыгæй æрбынат кодта хæхты массив Бочек (4116 м), ныгуылæны ’рдыгæй Аддалайы бæрзондæй уæвы ихын рагъ. Уыцы рагъыл ис ахæм цъуппытæ: Беляковы пик (х. Беленги-меэр, 4053 м), Байдуковы пик (х. Косараку-меэр, 4097 м), Чкаловы пик (х. Анчобала-анда, 4150 м). Æрдæг километры дарддзæфы та уæлæмæ цæуынц Тунсада (4013 м) æмæ Ижинамеэр (4025 м). Бирæ альпинистон маршрутмæ арæзт сты Аддаламæ.

Аддалайы цъитийы бын райдайæн исынц бирæнымæцон Солыйаг æмæ Андийаг Койсуйы фæрсагдæттæ. Цæугæдæтты бассейнтæ дих кæны хох.

Аддаламæ ’ввахс уæвынц Дагъистаны Цъумадайы районы хъæутæ: Хонох, Хварши æмæ Тъинди.

Хæрдмæцыдты истори ивын

Хохмæ фыццаг хатт схызти немецаг альпинист Готфрид Мерцбахер 1892-æм азы, Беленгы комы уылты. Куы дзы хызт, уæд хохы бæрзæнд нырма бæрæг нæ уыд. Йæ цуры цы Бочохы бæрзæнд уыд, уый нымадтой бæрзонддæр. Альпинисттæ куы раиртастой Адаллайы абсолютон бæрзæнд, уæд æнæ гуырысхойæ снысан кодтой æмæ уый у Бочохæй бæрзонддæр. Йæ дырыс бæрзæнд рабæрæг ис æрмæст XX æусы дыккаг æмбисы. Мерцхаберы кустыты хох нысангонд у Сааратлы номæй. Куыд разынд, уымæ гæсгæ йæ алыхуызон хъæуты цæрджытæ хуыдтой сæхирдыгонау.

В 1935-æм азы цъупмæ схызт академик Август Летавет æмæ физик Игорь Тамм. Уыцы азы ма дзы уыд профессор Борис Делоне[3].

2009-æм азы систой кино Аддала-Шухгельмеэрмæ экобалцы тыххæй. Уыцы киноныв райста Евразийы æвзист преми.

Цымыдисаг факттæ ивын

Хохы фахсыл, 2927 метры бæрзæндыл æрбынат кодта Уæрæсе æмæ Европæйы иуыл стырдæр уæлхохон метеостанци — «Сулак, уæлхохон».

Бакæс ноджы ивын

Фиппаинæгтæ ивын