Дагъистан
Дагъистан[2][3] кæнæ Дагъыстан[4] (сол. Дагъистаналъул Республика, агъул. Республика Дагъустан, азерб. Dağıstan Respublikası, хъуым. Дагъыстан Республикасы, лекъ. Республика Дагъустан, лак. Дагъусттаннал Республика) у Уæрæсейы республикæ Цæгат Кавказы, лæууы Цæцæн, Хъалмыхъхъ æмæ Стъараполы крайы ’хсæн, хуссары та æмарæн у Азербайджан æмæ Гуырдзыстонимæ. Дагъистаны сæйраг сахар у Къаспы денджызы былгæрон порт Махачкала. Йæ сæргълæууæг у Владимир Васильев.
Уæрæсейы Федерацийы субъект | |||||
Дагъистаны Республикæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
уырыс. Республика Дагестан | |||||
|
|||||
42°59′02″ с. ш. 47°30′18″ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Уæрæсе | ||||
Сæйраг сахар | Махачкала | ||||
Сæргълæууæг | Сергей Меликов[d] | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Бындурæвæрды датæ | 1991 | ||||
Фæзуат |
|
||||
Сахатон таг | MSK (UTC+3) | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ | ↗3 209 781[1] ад. (2023) | ||||
Официалон æвзæгтæ | агъулаг, азербайджайнаг, даргинаг, лакаг, лекъаг, ногъайаг, рутулаг, солиаг, табасарайнаг, татаг, уырыссаг, хъуымыхъхъаг, цъахураг, цæцæйнаг | ||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Код ISO 3166-2 | RU-DA | ||||
Телефонон код | 872 | ||||
Автомобилон код | 05 | ||||
Официалон сайт(уырыс.) | |||||
Викикъæбицы медиа |
Республикæйы фæзуат у 50,3 мин км².
Дагъистан у бирæнацион бæстæ, цæры дзы дыууын адæмыхаттæй фылдæр. Уыдонæй стырдæр сты солиаг адæм — Дагъистаны цæрджытæй се ’ртыккаг хай.
Æвзæгтæ
ивын...æмæ æндæртæ
Этимологи
ивынНом Дагъистан зындгонд у XVII æнусæй æмæ нысан кæны «хохы бæстæ» (тюркаг ныхас дагъ «хох» æмæ ирайнаг фæсæфтуан -стан)[5]. Ныры Дагъистан хохы бæстæ нал у, уый тыххæй æмæ йæ цæгатаг быдыртæ ахсынц йæ фæзуаты 44%.[5].
Географи
ивынДагъистан æрбынат кодта Кавказы цæгат-скæсæны, Къаспы денджызы былгæрон. Республикæйы цæгаты сты тыгъд быдыртæ, хуссары та — Кавказы сæйраг рагъ (Стыр хох). Дагъистаны дæргъ цæгатæй хуссармæ у 400 км, скæсæнæй ныгуылæнмæ — 200 км.
Дагъистаны цæгатаг арæн у Стъараполы край æмæ Хъалмыхъхъы республикæимæ. Ныгуылæны республикæйæн ис арæн Цæцæн æмæ Гуырдзыстонимæ, хуссары та — Азербайджаны паддзахадон арæн. Къаспы денджызы фæстæ ис цыппар паддзахады: Хъазахстан, Туркменистан, Иран æмæ Азербайджан. Азербайджанимæ арæн у Уæрæсейы Федерацийы тæккæ хуссардæр ран (41°10' ц. у.).
Гидрографи
ивын-
Цæугæдон Сулачы гуырæн
-
Ирганайаг донæвæрæн
-
Чиркейаг донæвæрæн
Скæсæнырдыгæй Дагъистаны территори æхсы Къаспы денджызы дон. Республикæйы цæгаты хус бæстыхъæд у æмæ дзы уый тыххæй бирæ цæугæдæттæ нæй[6]. Хохы та дон фылдæр ис.
Республикæйы астæу кæлынц Терк æмæ Сулак. Æдæппæт Дагъистаны и 6255 цæугæдоны, уыдонæй сæдæ сты сæйрагдæр — сæ дæргъ 25 километрæй фылдæр кæмæн у, ахæмтæ. Тыккæ зындгонддæр сты Терк, Сулак, Самур, Рубас[7]. Æппæт цæугæдæттæ дæр хауынц Къаспы денджызы бассейнмæ, фæлæ уыдонæй денджызы æййафынц æрмæстдæр 20.
Самур у Дагъистаны дыккаг ахсджиагдæр цæугæдон, йæ бассейны фæзуат у 7,3 мин км². Самуры гуырæн у Рутулы районы. Къаспы денджызы бакæлæн скæны дельтæ. Цæугæдоны дон-дон сараздзысты æртæ ног электрон станцæйы. Самуры дæттæ пайда хæссынц хъæууон хæдзæрадмæ, уымæй хуссарырдæм цæуы Самур-Дербенты къанау æмæ Самур-Апшероны къанау (уыцы фæстаг цæуы фæсарæнмæ, Азербайджанмæ)[6].
Сулак равзæры æртæ доны — Хъазхъуымыхъхъы Хъойсу, Солыйы Хъойсу æмæ Андийы Хъойсу — кæм баиу вæййынц, уыцы ран. Сулачы бассейны фæзуат у 15,2 мин км². Сулакыл лæууынц гидероэлектростанцæтæ — Чиркейаг ГЭС, Миатлины ГЭС, Гельбахы ГЭС, Чирюрты ГЭС-1 æмæ Чирюрты ГЭС-2.
- Цæдтæ
- Кезенойамы цад (Ботлихы район) нымад у Цæгат Кавказы стырдæр цадыл, йæ фæзуаты стыр хай хауы Цæцæнмæ (Веденойы районмæ)[8]
- Кæд Ак-Гёль стыр цад нæу, уæддæр у зындгонддæр цæдтæй иу, уый тыххæй æмæ у Махачкалайы фенддæгтæй иу. Сахары цæрджытæ тыхсынц, цады æмвæзад кæй ныллагдæр кæны, уый тыххæй.
Рельеф
ивынХæхтæ ахсынц республикæйы 25,5 мин км², йæ рæстæмбис бæрзæнд у 960 м денджызы æмвæзадæй. Дагъистаны бæрзонддæр хох у Базардюзю (4466 м).
Истори
ивынЦæрджытæ
ивынДемографи
ивынЦæрджыты нымæц | ||||||
---|---|---|---|---|---|---|
1847[9] | 1897[10] | 1926[11] | 1928[12] | 1931[13] | 1933[14] | 1937[11] |
755 616 | ↘571 154 | ↗787 883 | ↗797 700 | ↗871 100 | ↗949 200 | ↗1 009 884 |
1939[15] | 1940[16] | 1951[17] | 1959[18] | 1961[19] | 1966[20] | 1970[21] |
↗1 023 300 | ↗1 024 000 | ↘835 600 | ↗1 062 472 | ↗1 158 500 | ↗1 305 600 | ↗1 428 540 |
1979[22] | 1987[23] | 1989[24] | 1990[25] | 1991[25] | 1992[25] | 1993[25] |
↗1 627 884 | ↗1 768 000 | ↗1 802 579 | ↗1 820 164 | ↗1 875 345 | ↗1 937 297 | ↗1 990 359 |
1994[25] | 1995[25] | 1996[25] | 1997[25] | 1998[25] | 1999[25] | 2000[25] |
↗2 033 523 | ↗2 200 039 | ↗2 218 427 | ↗2 283 187 | ↗2 332 837 | ↗2 392 292 | ↗2 442 609 |
2001[25] | 2002[26] | 2003[25] | 2004[25] | 2005[25] | 2006[25] | 2007[25] |
↗2 486 002 | ↗2 576 531 | ↗2 581 412 | ↗2 601 980 | ↗2 621 820 | ↗2 640 984 | ↗2 658 630 |
2008[25] | 2009[25] | 2010[27] | 2011[25] | 2012[28] | 2013[29] | 2014[30] |
↗2 687 822 | ↗2 711 679 | ↗2 910 249 | ↗2 914 204 | ↗2 930 449 | ↗2 946 035 | ↗2 963 918 |
2015[31] | 2016[32] | 2017[33] | 2018[34] | 2019[35] | 2020[36] | 2021[37] |
↗2 990 371 | ↗3 015 660 | ↗3 041 900 | ↗3 063 885 | ↗3 086 126 | ↗3 110 858 | ↗3 182 054 |
2022[38] | 2023[1] | |||||
↗3 186 902 | ↗3 209 781 |
Национ сконд
ивынДагъистан у Уæрæсейы тæккæ бирæнацион республикæ. Йæ паддзахадон æвзæгтæ сты уырыссаг æмæ Дагъистаны адæмты æппæт æвзæгтæ[39]. Уыцы æвзæгтæй æрмæстдæр 14 ис фыссынад, æндæртæ сты дзургæ æвзæгтæ[40]. Дагъистаны адæмтæй сæ фылдæр дзурынц нахаг-дагъистайнаг къорды æвзæгтыл (75 %), тюркаг къорды æвзæгтыл (20 %) æмæ уырыссагау (5 %).
Адæм | Нымæц, 2002 аз, мин ад.[41] |
Нымæц, 2010 аз мин ад.[42][43] |
---|---|---|
Солиæгтæ ▲ | 758,4 (29,4 %) | 850,01 (29,4 %) |
Даргинæгтæ ▲ | 425,5 (16,5 %) | 490,38 (17,0 %) |
Хъуымыхъхъæгтæ ▲ | 365,8 (14,2 %) | 431,74 (14,9 %) |
Лекъæгтæ ▲ | 336,7 (13,1 %) | 385,24 (13,3 %) |
Лакæгтæ ▲ | 139,7 (5,4 %) | 161,28 (5,6 %) |
Азербайджайнæгтæ▲ | 111,7 (4,3 %) | 130,9 (4,5 %) |
Табасарайнæгтæ ▲ | 110,2 (4,3 %) | 118,9 (4,1 %) |
Уырыссæгтæ ▼ | 120,9 (4,7 %) | 104,02 (3,6 %) |
Цæцæйнæгтæ (аккæйæгтæ[44])▲ | 87,9 (3,4 %) | 93,7 (3,2 %) |
Ногъайæгтæ ▲ | 36,2 (1,4 %) | 40,4 (1,4 %) |
Агъулæгтæ ▲ | 23,3 (0,9 %) | 28,1 (1 %) |
Рутулæгтæ ▲ | 24,3 (0,9 %) | 27,8 (1 %) |
Цъахурæгтæ ▲ | 8,2 | 9,8 |
Сомихæгтæ ▼ | 5,7 | 5,0 |
Тæтæйрæгтæ ▼ | 4,7 | 3,7 |
Дзуттæгтæ ▲ | 1,5 | 1,7 |
Украинæгтæ ▼ | 2,9 | 1,5 |
Татæгтæ ▼ | 1,1 | 0,5 |
Солыйæгты скондмæ нымайынц андиаг-цезаг адæмты дæр[45] æмæ арчийæгтæ.
XX æнусы 20-æм азты агъоммæ Дагъистаны хохы цæрджыты егъау хай хуыдтой лекъ, быдыры цæрæг хъумыхъхъæгты та — Кавказы тæтæр[46][47].
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты агъоммæ Дагъистаны цæрджытæ се ’хсæн ныхас кодтой тюркагау (хъумыхъхъагау цæгаты æмæ азербайджайнагау хуссары), рæстæг куы цыдис, æхсæнадæмон æвзаг сси уырыссаг æвзаг, куыд бæстæйы æндæр регионты.
Дин
ивынДагъистаны цæрынц Уæрæсейы пысылмæттæй сæ фылдæр хай. Республикæйы цæрджытæй 96% бæрц пысылмон диныл хаст сты (2,9 млн ад.). Дербентмæ пысылмон дин æрбацыдис VII—VIII æнусы, хохмæ та — фæстæдæр[48].
Чырыстон рæстуырнæг еклезийы Сыгъдæг Синоды уынаффæмæ гæсгæ сарæзтæуы Махачкалайы епархи (2012 азы), рахицæн æй кодтой Владикавказ æмæ Аланийы епархийæ.
Цæрæнрæттæ
ивын- Дæс минæй фылдæр адæм кæм цæрынц, ахæм цæрæнрæттæ
Махачкала, Хасавюрт, Дербент, Каспийск, Буйнакск, Избербаш, Хъызлар, Кизилюрт æмæ æндæртæ.
Административон дих
ивынДагъистаны сконды ис 42 районы æмæ дæс сахары зылды[49][50]:
- Агъулы район
- Акушайы район
- Ахвахы район
- Ахтыйы район
- Бабаюрты район
- Бежтайы фадыг
- Ботлихы район
- Буйнаксчы район
- Гергебилы район
- Гумбеты район
- Гунибы район
- Дахадаевы район
- Дербенты район
- Докузпарайы район
- Казбековы район
- Кайтаджы район
- Карабудахкенты район
- Каякенты район
- Кизилюрты район
- Кулийы район
- Кумторкалайы район
- Курахы район
- Лакаг район
- Левашийы район
- Магарамкенты район
- Новолакскоейы район
- Ногъайы район
- Рутулы район
- Сергокалайы район
- Сулейман-Стальскийы район
- Табасараны район
- Тарумовкæйы район
- Тляратæйы район
- Унцукулы район
- Хасавюрты район
- Хивы район
- Хунзахъы район
- Хъызлары район
- Цъумадайы район
- Цъунтъайы район
- Чъародайы район
- Шамилы район
Экономикæ
ивынПаддзахадон арæзт
ивын- Республикæ Дагъистаны Паддзахадон советы сæрдар
2003-æм азы агъоммæ республикæйы сæргълæууæг уыдис йæ Паддзахадон советы сæрдар.
- Республикæйы сæргълæууæг
Регионы сæргъы сты Дагъистаны сæргълæууджытæ (раздæр президенттæ), кæцыты нысан кæны Уæрæсейы Федерацийы президент. Сæргълæууджыты номхыгъд:
- Муху Алиев — 2006 20 февралы — 2010 20 февралы;
- Магомедсалам Магомедов — 2010 20 февралы — 2013 28 январы.
- Рамазан Абдулатипов — 2013 28 январы — 2017 3 октябры.
- Владимир Васильев — 2017 3 октябры — нырмæ
Спорт
ивынБирæ сты дагъистайнаг спортсменты æнтыстытæ, уæлдайдæр хъæбысæйхæсты[51]. Тынг популярон сси футбол дæр.
Литературæ
ивын- Ахмедханов К. Э. Путешествие по Дагестану: Практическое руководство. — М.: Физкультура и спорт, 1988. — 272 с. — (По родным просторам).
- История Дагестана с древнейших времён до наших дней. В двух томах. Ред. А. И. Османов. М., Наука, 2004.
- Криштопа, А. Е. Дагестан в ХІІІ — начале XV вв. Очерк политической истории. М., Мамонт; Таус, 2007.
- Карпов, Ю. Ю. Взгляд на горцев. Взгляд с гор. Мировоззренческие аспекты культуры и социальный опыт горцев Дагестана. СПб., Петербургское востоковедение, 2007.
- Дагестан и мусульманский Восток. Сборник статей в честь профессора Амри Рзаевича Шихсаидова. Сост. и отв. ред. А. К. Аликберов, В. О. Бобровников. М., Издательский дом Марджани, 2010
- Муртазалиев Р. А. Конспект флоры Дагестана. — Махачкала, 2009. — Т. 1.
Æддаг æрмæг
ивын- Дагъистаны сæргълæууæджы сайт Архивгонд æрцыдис 12 майы 2011 азы.
- Туристон информацион центр «Дагестан»
- Адæмон Æмбырды сайт Архивгонд æрцыдис 27 январы 2012 азы.
- Дагъистаны хицæуады сайт Архивгонд æрцыдис 12 майы 2011 азы.
- Дагъистаны минæвæрад Уæрæсейы президенты цур
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августы 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
- ↑ Дзагуырты Тембол. Географийы терминон дзырдуат уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1941.
- ↑ Уырыссаг-ирон дзырдуат. Сарæзта йæ Абайты Васо. Дыккаг, срастгонд æмæ баххæстгонд рауагъд. Редактор Исаты М.И, рауагъдад «Советон Энциклопеди». Мæскуы — 1970
- ↑ Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат : 4 томæй / Гæбæраты Никъалайы иумæйаг редакцийæ ; Уæрæсейы зонæдты академи ; Дзæуджыхъæуы зонадон центр ; Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт. — М. : Наука, 2007. II-æм том, 217-æм ф.
- ↑ 5,0 5,1 Поспелов Е. М. Географические названия мира: Топонимический словарь / Отв. ред. P. A. Агеева. — М.: Русские словари, 1998. — С. 130. — ISBN 5-89216-029-7.
- ↑ 6,0 6,1 Климат &124; Туризм в Дагестане(недоступная ссылка). Датæ: 2010-æм азы 24 мартъийы. Архив 2017-æм азы 25 сентябры.
- ↑ Республика Дагестан . Архив 2007-æм азы 28 апрелы.
- ↑ Берг Л.С. Рыбы пресных вод СССР и сопредельных стран. — М.—Л., 1948. — Т. 1. — С. 254. — 466 с.
- ↑ ДИНАМИКА ЧИСЛЕННОСТИ НАСЕЛЕНИЯ ГОРОДОВ ДАГЕСТАНА В 1946–60 ГГ
- ↑ Первая Всеобщая перепись населения Российской империи 1897 года . Датæ: 2013-æм азы 26 октябры. Архив 2015-æм азы 11 июны.
- ↑ 11,0 11,1 Всесоюзная перепись населения 1937 года: Общие итоги. Сборник документов и материалов / Сост. В.Б.Жиромская, Ю.А.Поляков. — М.: «Российская политическая энциклопедия» (РОССПЭН), 2007. — 320 с.; ISBN 5-8243-0337-1.
- ↑ Статистический справочник СССР за 1928 г.
- ↑ Административно-территориальное деление Союза ССР : [Районы и города СССР на 1931 год] . — Москва: Власть советов, 1931. — XXX, 311 с.
- ↑ Административно-территориальное деление Союза ССР. На 15 июля 1934 года.
- ↑ ДИНАМИКА ЧИСЛЕННОСТИ НАСЕЛЕНИЯ ГОРОДОВ ДАГЕСТАНА В 1946–60 ГГ
- ↑ ДИНАМИКА ЧИСЛЕННОСТИ НАСЕЛЕНИЯ ГОРОДОВ ДАГЕСТАНА В 1946–60 ГГ
- ↑ ДИНАМИКА ЧИСЛЕННОСТИ НАСЕЛЕНИЯ ГОРОДОВ ДАГЕСТАНА В 1946–60 ГГ
- ↑ Всесоюзная перепись населения 1959 года. Численность наличного населения городов и других поселений, районов, районных центров и крупных сельских населенных мест на 15 января 1959 года по республикам, краям и областям РСФСР . Датæ: 2013-æм азы 10 октябры. Архив 2013-æм азы 19 октябры.
- ↑ ДИНАМИКА ЧИСЛЕННОСТИ НАСЕЛЕНИЯ ГОРОДОВ ДАГЕСТАНА В 1946–60 ГГ
- ↑ ДИНАМИКА ЧИСЛЕННОСТИ НАСЕЛЕНИЯ ГОРОДОВ ДАГЕСТАНА В 1946–60 ГГ
- ↑ Всесоюзная перепись населения 1970 года. Численность наличного населения городов, поселков городского типа, районов и районных центров СССР по данным переписи на 15 января 1970 года по республикам, краям и областям . Датæ: 2013-æм азы 14 октябры. Архив 2013-æм азы 19 октябры.
- ↑ Всесоюзная перепись населения 1979 года. Численность наличного населения РСФСР, автономных республик, автономных областей и округов, краев, областей, районов, городских поселений, сел-райцентров и сельских поселений с населением свыше 5000 человек .
- ↑ Народное хозяйство СССР за 70 лет : юбилейный статистический ежегодник : [арх. 28 июны 2016] / Государственный комитет СССР по статистике. — Москва : Финансы и статистика, 1987. — 766 с.
- ↑ Всесоюзная перепись населения 1989 года. Численность населения СССР, РСФСР и ее территориальных единиц по полу . Архив 2011-æм азы 10 октябры.
- ↑ 25,00 25,01 25,02 25,03 25,04 25,05 25,06 25,07 25,08 25,09 25,10 25,11 25,12 25,13 25,14 25,15 25,16 25,17 25,18 25,19 Численность постоянного населения на 1 января (человек) 1990-2013 года
- ↑ Всероссийская перепись населения 2002 года. Том. 1, таблица 4. Численность населения России, федеральных округов, субъектов Российской Федерации, районов, городских поселений, сельских населённых пунктов - райцентров и сельских населённых пунктов с населением 3 тысячи и более . Архив 2012-æм азы 3 февралы.
- ↑ Перепись населения 2010. Численность населения России, федеральных округов, субъектов Российской Федерации, городских округов, муниципальных районов, городских и сельских поселений . Федеральная служба государственной статистики. Датæ: 2013-æм азы 13 октябры. Архив 2013-æм азы 28 апрелы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям. Таблица 35. Оценка численности постоянного населения на 1 января 2012 года . Датæ: 2014-æм азы 31 майы. Архив 2014-æм азы 31 майы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2013 года. — М.: Федеральная служба государственной статистики Росстат, 2013. — 528 с. (Табл. 33. Численность населения городских округов, муниципальных районов, городских и сельских поселений, городских населённых пунктов, сельских населённых пунктов) . Датæ: 2013-æм азы 16 ноябры. Архив 2013-æм азы 16 ноябры.
- ↑ Таблица 33. Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2014 года . Датæ: 2014-æм азы 2 августы. Архив 2014-æм азы 2 августы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2015 года . Датæ: 2015-æм азы 6 августы. Архив 2015-æм азы 6 августы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2016 года
- ↑ 2017-æм азы 1 январы Уæрæсейы Федерацийы цæрджыты нымæц (31 июлы 2017). Датæ: 2017-æм азы 31 июлы. Архив 2017-æм азы 31 июлы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2018 года . Датæ: 2018-æм азы 25 июлы. Архив 2018-æм азы 26 июлы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2019 года . Датæ: 2019-æм азы 31 июлы.
- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2020 года . Датæ: 2020-æм азы 17 октябры. Архив 2020-æм азы 17 октябры.
- ↑ Таблица 5. Численность населения России, федеральных округов, субъектов Российской Федерации, городских округов, муниципальных районов, муниципальных округов, городских и сельских поселений, городских населенных пунктов, сельских населенных пунктов с населением 3000 человек и более. Итоги Всероссийской переписи населения 2020 года. На 1 октября 2021 года. Том 1. Численность и размещения населения (XLSX). Датæ: 2022-æм азы 1 сентябры. Архив 2022-æм азы 1 сентябры.
- ↑ Оценка численности постоянного населения на 1 января 2022 г. и в среднем за 2021 г. и компоненты её изменения. Федеральная служба государственной статистики . Датæ: 2022-æм азы 26 апрелы.
- ↑ Глава 1, Статья 11 // Конституция Республики Дагестан (2003 г.)
- ↑ Оф. сайт ДГПУ. Языки моего Дагестана . Архив 2013-æм азы 21 сентябры.
- ↑ Всероссийская перепись населения 2002 года(недоступная ссылка). Датæ: 2019-æм азы 15 октябры. Архив 2004-æм азы 6 ноябры.
- ↑ Информационные материалы об окончательных итогах Всероссийской переписи населения 2010 года
- ↑ Всероссийская перепись населения 2010 года. Официальные итоги с расширенными перечнями по национальному составу населения и по регионам.: см.
- ↑ [https://bigenc.ru/ethnology/text/2802572 Аккинцы] // Большая российская энциклопедия : [в 35 т.] / гл. ред. Ю. С. Осипов. — М. : Большая российская энциклопедия, 2004—2017. Оценочная численность аккинцев в 93 тыс. в 2010 году в БРЭ совпадает с численностью чеченцев в Дагестане по переписи 2010 года
- ↑ Samizdat materials. — 2010. — С. 114.
- ↑ ЛЕЗГИНЫ — Большая советская энциклопедия, БСЭ — Энциклопедические словари — Slovar.cc
- ↑ Т. А. Титова. Лезгинская семья на рубеже XIX—XX веков. — Казанский государственный университет. — Хъаз.: Новое знание, 1999. — С. 4. — 53 с.
- ↑ Вучетич Н. «Четыре месяца в Дагестане». «Кавказ», № 72. Тифлис, 1864.
- ↑ Закон Республики Дагестан от 13.01.2005 N6 о статусе и границах муниципальных образований Республики Дагестан
- ↑ Администрации городов и районов . Архив 2007-æм азы 4 апрелы.
- ↑ Правительство РД — Спорт