Акростих
Акростих у, йæ рæнхъыты фыццаг дамгъæтæй исты дзырд кæнæ хъуыдыйад кæмæн рæзы, ахæм æмдзæвгæ. Алфавиты радмæ гæсгæ куы арæзт сты дамгъæтæ, уæд ахæм акростих хонынц абецедарий.
Акростих ирон поэзийы
ивынАцы литературон фæрæзæй пайда кæнынц ирон поэттæ дæр.
Ирон акростихы дæнцæг
ивынАКРОСТИХ
- Балсæджы цалх дæ фæрсты чи аздæхта, уый дæ
- Адзалы зынгæй ратонæг фæци.
- Тæнзæрдæ гуырд, ызмæст дунейæ иу дæ,
- Рæстыл дзурæгæй мауал хæр дæхи.
- Амалгæнджытæ — алцæмæй сæрæндæр —
- Дзывыры фындзæй къахдзысты дæ уд.
- Зынгау дæ схъаудзысты, нæ дын уыдзæн цæрæн дæр
- Куырмæджы зилдзæни дæ алыварс тæппуд.
- Уынгæджы бонтæн де 'рагъ — фидар.
- Ысфæлмæцис, фæлæ та нæй гæнæн,
- Дыууæ цæды куыд аласдзæни иу гал?!
- Цыбыр рохтæй уæлахиз нæй бæхæн.
- Æрра фыййау та къæдзæхæй нывзилдзæн
- Рæстæнхъæлæй фæлмæн мигътæм йæхи,
- Æнхъæлмæгæс фæрнджын къæбицы зилдзæн
- Мыстау. Ды та хæрдзынæ дзæгъæлы дæхи.
(Автор — Касаты Батрадз)
Дыгурон акростихы дæнцæг
ивынСОНЕТ — АКРОСТИХ
- Гæнæн нæййес, и нивтæ мах не ’уарæн,
- Уæлдай хуæздæр не ’суодзæнæй нæ цард.
- Лæгæн хæтуй æ хæццæ æ дзиуарæ,
- Уой бари ’нцæ æ цийнæ ’ма е ’нкъард.
- Тæхæр-мæхæр нæ дæн, мæ хор, ме ’фсарæ
- Иссæй мæнæн цæлхдор, æма æд хард
- Зæронд кæнуй фестдони æнæбари,
- Е ’мбæрцæ ласт нæма ’рцæугæй, мæ кард.
- Мæ тоги нæ ’й, гъæйтт, зæгъгæ , сор адаги
- Февналæ ’ма рауадзæ дон, удта
- Исони бон æрбаййевæ дæ уагæ.
- Рауон-циуон, амалгунтæй ку уайнæ,
- Æзуонбæл лæг... Æдонугæй ду ба,
- Нæ сеггæнгæй, æрцудтæ исуст цъаймæ...
(Автор — Бабочити Руслан)