Акутагава, Рюноскэ

зынгæ япойнаг фыссæг

Рюно́скэ Акутага́ва (яп. 芥川龍之介) у зынгæ япойнаг фыссæг. Райгуырдис Токиойы 1892-æм азы 1 мартъийы райсомæй, кæнæ рагон рæстæгнымадмæ гæсгæ кæфхъуындары мæйы, кæфхъуындары боны æмæ кæфхъуындары сахаты. Афтæмæй йæ схуыдтой Рюноскэ, уымæн æмæ ацы номы мидисæвдисæг иероглиф «рю» нысан кæны «кæфхъуындар». Йæ фыд уыдис æхсыр уæйгæнæг, йæхицæн сæрвæттæ уыд Токиойы горæтгæрон. Йæ мад уыдис Акутагава бинонтæй рацæугæ. Фæстæдæр номдзыд фыссæджы уыдон схъомыл кодтой, йæ мыггаг дæр уыдонæй райста.

Рюноскэ Акутагава
яп. 芥川 龍之介
Акутагава 1926-æм азы
Акутагава 1926-æм азы
Гуырæн ном яп. 新原 龍之介
Райгуырды датæ 1892-æм азы 1 мартъийы(1892-03-01)[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1927-æм азы 24 июлы(1927-07-24)[3][1][…] (35 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Ахуырад
Архайды хуыз фыссæг, романист, сценарист, журналист, литературон критик, поэт, новеллист
Сфæлдыстады азтæ 1914
Жанр радзырд[d]
Уацмысты æвзаг англисаг[1] æмæ япойнаг[1][5]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Рюноскэ райгуырдис, йæ фыдыл 42 азы куы цыд, йæ мадыл та — 33. Рагон æгъдаумæ гæсгæ, йæ ныййарджытæ сæхи афтæ акодтой, цыма ноггуырды сын чидæр баппæрста. Ахæм митæ кодтой мæнгуырнынады уагæй, уымæн, æмæ япойнаг ныййарджытæ æртын азы карæй куы ахизой, уый хорз нысаныл нымад нæ уыди.

Фараст мæйы йыл куы сæххæст ис, уæд йæ мадæн йæ зонды цырагъ ахуыссыдис, æмæ сабийæ, закъон æмæ æгъдаумæ гæсгæ, йæхицæн лæппу загъта йæ мады хистæр афсымæр, Токиойы префектурæйы арæзтадон хайады сæргълæууæг, æнæзæнæг Акутагава Митиаки. Афтæмæй чысыл Рюноскэ йе ’цæг фыд Ниихарайы мыггагæй фæхаудис æмæ Акутагаваты мыггаг райста.

Æддаг æрмæг

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 1,2 1,3 1,4 Roux P. d. Nouveau Dictionnaire des œuvres de tous les temps et tous les pays (фр.) — 2 — Éditions Robert Laffont, 1994. — Vol. 1. — P. 34. — ISBN 978-2-221-06888-5
  2. Akutagawa Ryunosuke // Encyclopædia Britannica (англ.)
  3. 3,0 3,1 Акутагава Рюноскэ // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  4. японская Википедия (яп.) — 2001.
  5. CONOR.Sl