Англисаг æвзаг (English language) у гермайнаг æвзæгты ныгуылæн къорды англисаг-фризаг дæлкъордмæ чи хауы, ахæм æвзаг. Официалон у ахæм бæстæты: АИШ, Стыр Британи, Австрали, Ирланди æмæ бирæ æндæрты (кæс: Англофонтæ). 335 милуан адæймагæн у мадæлон æвзаг. Уыцы бæрæггæнæнмæ гæсгæ у дунейы æртыккæгæм — китайаг æмæ испайнаг æвзæгты фæстæ[1].

Англисаг æвзаг
     Англисаг æвзагыл кæм дзурынц, ахæм бæстæтæ (официалон кæнæ de facto официалон æвзаг)      Англисаг æвзаг у официалон æвзæгтæй иу

     Англисаг æвзагыл кæм дзурынц, ахæм бæстæтæ (официалон кæнæ de facto официалон æвзаг)

     Англисаг æвзаг у официалон æвзæгтæй иу
Хином English
Бæстæтæ АИШ, Стыр Британи, Канадæ, Австрали, Ирланди, Хуссар Африкæйы Республикæ, Ног Зеланди, Сингапур, æндæр бæстæтæ.
Официалон статус 50 бæстæйы, уыдоны ’хсæн Канадæ, Австрали, Инди
Дзурджыты нымæц 309—380 милуан ад.
Рейтинг 3
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ

Индоевропæйаг æвзæгтæ

Гермайнаг къорд
Ныгуылæн-гермайнаг дæлкъорд
Фыссынад латинаг алфавит
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1 en
ISO 639-2 eng
ISO 639-3 eng
ГОСТ 7.75–97 анг 45
WALS eng
Ethnologue eng
Linguasphere 52-ABA
ABS ASCL 1201 æмæ 12
IETF en
Glottolog stan1293
Википеди ацы æвзагыл

Англисаг æвзаг у нырыккон дунейы глобалон лингва-франкæ, æппæт бæстæты кæй ахуыр кæнынц æмæ бирæ æхсæнадæмон организацитæн сæ официалон æвзаг чи у, ахæм.

Англисаг æвзаджы бындуры уыдис цалдæр диалекты, абон сæ иумæйаг ном у раганглисаг æвзаг, ууыл дзырдтой V æнусы нырыккон скæсæйнаг Англисы цæрæг знæмтæ — англæгтæ, сакстæ æмæ ютæгтæ.

Фæстæдæр Англисмæ бырсын райдыдтой викингтæ, æмæ уыдон дæр сæ скандинавиаг фæд ныууагътой англисаг æвзаджы.

1066-æм азы Францы цæгаты цæрæг нормантæ бабырстой Британийы сакъадахмæ æмæ æнтыстджынæй байстой Англис. Семæ фæсденджызæй æрбахастой, нырыккон францаг æвзагмæ чи у хæстæг, уыцы нормайнаг æвзаг. Уыцы æвзаджы тæвагæй англисаг æвзаг йæ ног дугмæ рацыд, кæцы хуыйны миданглисаг æвзаг.

Ныры англисаг æвзагæй райдиан азтыл нымад у XVI æнус. Уæд фæзындысты Уильям Шекспиры уацмыстæ æмæ къарол Яковы Библийы англисаг тæлмац.

Генетикон классификацимæ гæсгæ англисаг æвзагмæ хæстæгдæр сты шотландиаг (скотс) æмæ нидерландаг (голландиаг) æвзæгтæ, стæй фризаг æмæ африкаанс дæр.

Кæс статьятæ

ивын

Литературæ

ивын
  • Аракин В. Д. Сравнительная типология английского и русского языков. 3-е изд. – М.: ФИЗМАТЛИТ, 2005.
  • Зеленецкий А. Л. Сравнительная типология основных европейских языков. – М.: Издательский центр «Академия», 2004.
  • Худяков А. А. Теоретическая грамматика английского языка. – М.: Издательский центр «Академия», 2005.
  • Crystal, David. English as a Global Language. Cambridge, Cambridge University Press, 1997.

Фиппаинæгтæ

ивын