Алексий II
Патриарх Алексий II (йæ æнæхъæн ном у Ридигер Михаилы фырт Алексей уырыс. Алексей Михайлович Ридигер; райгуырдис 1929-æм азы 23 февралы Таллины — амардис 2008-æм азы 5 декабры Мæскуыйы) уыдис Уырыссаг растуырнæг еклезийы алчер, Мæскуы æмæ Æппæт Уæрæсейы патриарх (1990-æм азæй 2008-æм азмæ).
Алексий II | |
---|---|
Гуырæн ном | Ридигер Михаилы фырт Алексей |
Райгуырды датæ | 1929-æм азы 23 февралы[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 2008-æм азы 5 декабры[1][2][…] (79 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | растуырнæг сауджын, политик |
Фыд | Михаил Ридигер[d] |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Райгуырд рагон немыцаг уæздан мыггагæн (Ридигертæ кæнæ та Рюдигертæ, нем. von Rüdiger). Йæ фыдæлтæ православон аргъуыд райстой XVIII æнусы. Сывæллон ма куы уыди, фæндыди йæ сауджын суæвын. Фынддæсаздзыдæй скуыста Нарвæйы архиепископы иподиаконæй. 1947-æм азæй ахуыр кодта Ленинграды дины академийы. Академи каст фæуыны фæстæ куыста Эстонийы.
Уырыссаг æвзаджы йеддæмæ хорз зыдта эстойнаг æмæ немыцаг æвзæгтæ.
2008-æм азы 5 декабры патриарх Алексий йæ резиденцийы, Переделкинойы цур, амардис йæ зæрдæйы низæй. Раздæр уымæн уыдысты цалдæр инфаркты æмæ инсульт (2002).
Алексийы мæлæты фæстæ йæ бынатыхъахъхъæнæг сси Кирилл (Гундяев), Смоленск æмæ Калининграды митрополит, Сыгъдæг Синоды иугæндзон уæнг. Фæстæдæр равзæрстой йæ патриархы бынатмæ — æмæ 2009-æм азы фыццагæм февралæй у Мæскуы æмæ Æппæт Уæрæсейы Патриарх.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Alexi (Alexi II.) // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
- ↑ 2,0 2,1 Alexi II. // Munzinger Personen (нем.)