Алиева, Диляра Алекпер кызы

Диляра (Диларæ) Алекпер кызы (Алекперы чызг) Алиева (азерб. Dilarə Ələkbər qızı Əliyeva; райгуырдис 1929-æм азы Тбилисы — амардис 1991-æм азы Гахы район) у советон-азербайджайнаг литературæ иртасæг, тæлмацгæнæг, картвелолог, филологон зонæдты доктор, Азербайджаны фысджыты цæдисы уæнг (1960-æм азæй), Гуырдзыстоны ССР-йы аивады сгуыхт кусæг, Азербайджаны ССР-йы Уæлдæр Советы депутат[1].

Диляра Алекпер кызы Алиева
Райгуырды датæ 1929-æм азы 14 декабры(1929-12-14)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1991-æм азы 19 апрелы(1991-04-19) (61 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн филологон зонæдты доктор[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст ивын

Дилярæ Алиева райгуырдис 1929-æм азы 14 декабры Тбилисы, куырды бинонтæм. Каст фæцис астæуккаг скъола № 97 æмæ йæ ахуыр адард кодта Азербайджаны паддзахадон университеты скæсæнзонæн факультеты.

Университеты фæстæ бацыдис аспирантурæмæ Низамийы номыл æвзаг æмæ литературæйы институтмæ Бакуйы, уырдыгæй та йæ арвыстой Тбилисмæ, Шота Руставелийы номыл литературæйы институтмæ. Уым куыста йæ кандидатон диссертацийыл «Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны бастдзинæдтæ XIX æнусы литературæйы», æмæ йæ бахъахъхъæдта 1954-æм азы.

Уый фæстæ Алиева бирæ азты дæргъы куыста Низамийы номыл институты, ахста дзы алыхуызон бынæттæ, уыдоны ’хсæн хистæр æмæ раззаг зонадон кусæджы бынат, литературон бастдзинæдты хайады сæргълæууæджы бынат дæр. 1984-æм азы бахъахъхъæдта йæ докторон диссертаци «Низами æмæ гуырдзиаг литературæ».

 
Алиева Бакуйы цы хæдзары цардис, уый къулыл номарæн фæйнæг

1988-æм азæй сси Азербайджаны адæмон змæлды архайæг, фæстæдæр æй равзæрстой Азербайджаны адæмон фронты советмæ. Уый йеддæмæ ма Дилярæ Алиева уыд Сылгоймæгты бартæ хъахъхъæныны æхсæнадæн йæ бындурæвæрджыты ’хсæн[1], демократон блокæй æвзæрст æрцыдис Азербайджаны ССР-йы Уæлдæр Советмæ.

1991-æм азы 19 апрелы цы машинæйыл цыдис ахуыргонд Айдын Мамедовимæ, уый аваримæ бахаудис Гахы районы, æмæ дыууæ бæлццоны дæр амардысты. Ныгæд æрцыдис Бакуйы кадджын уæлмæрдты дыккæгæм аллейыл.

Диляры Алиевайы ном хæссы сылгоймæгты бартæ чи хъахъхъæны, уыцы азербайджайнаг организаци, стæй Бакуйы уынгтæй иу[2]. Цы хæдзары цардис, уый къуылыл ис номарæн фæйнæг.

Зонадон куыстытæ ивын

  • М. Ф. Ахундов и его связи с грузинской литературой. — «Труды объедин. научной сессии АН СССР и академий наук закавк. республик по обществ, наукам». Стенограф, отчет. Баку, Ак. наук Азербайдж. ССР, 1957, с. 687—690.
  • Из истории азербайджанско-грузинских литературных связей. Баку, Академия наук Азербайджанской ССР, 1958. 177 с.
  • Азербайджанские писатели-классики о Грузии и Тбилиси. — «Заря Востока», 1958, № 244, 19 окт.
  • Славя братство народов. [Из истории азерб.- груз. лит. связей] . — Лит. Грузия, 1974, № 5, с. 82—86.
  • Низами и грузинская литература. — Б., Элм, 1988. 212 с.

Йæ тæлмацтæ азербайджайнаг æвзагмæ ивын

  • Qardaşlar (рассказы). Б.: Азернешр, 1972, 122 с.
  • Bir gecənin sevinci (рассказы). Б.: Гянджлик, 1977, 82 с.
  • Arçil Sulakauri. Aşağı-yuxarı (повести и рассказы). Б.: 1978, 185 с.
  • Şota Rustaveli. Pələng dərisi geymiş pəhləvan. Б.: Элм, 1978, 201 с.
  • Mixail Cavaxişvili. Torpaq çəkir. Б.: Язычы, 1980, 248 с.
  • İlya Çavçavadze. Dilənçinin hekayəti. Б.: Язычы, 1987, 151 с.
  • Kür Xəzərə qovuşur (избранное из грузинской литературы). Б.: Язычы, 1988, 383 с.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Bu məşhurlarımız yol terroruna qurban gedib(азерб.) // axar.az. — 2014. — 21 iyul.
  2. Sabiq millət vəkillərinin müəmmalı avtoqəzada həlak olmalarından 25 il keçir(азерб.) // interpress.az. — 2016. — 19 aprel.