Амундсен, Руал
норвегиаг полярон бæлццон æмæ иртасæг
Руал Амундсен (норв. Roald Engelbregt Gravning Amundsen, Ру́аль Э́нгельбрегт Гра́внинг А́мундсен; райгуырдис 1872-æм азы 16 июлы — амардис 1928-æм азы 18 июны) — норвегиаг полярон бæлццон æмæ иртасæг. Хуссар полюсмæ фыццаг чи ныххæццæ ис, уыцы лæг. Уый йеддæмæ никæй къухы бафтыдис Цæгат-хурыскæсæйнаг (Сыбыры былты дæргъмæ) æмæ Цæгат-хурныгуылæн (Канадæйы сакъадæхты ’хсæн) денджызон фæндагыл дæр науыл фæцæуын.
Руал Амундсен | |
---|---|
норв. Roald Amundsen | |
Гуырæн ном | букмол Roald Engelbregt Gravning Amundsen |
Райгуырды датæ | 1872-æм азы 16 июлы[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | предп. 1928-æм азы 18 июны[2][3][…] (55 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | бæлццон-иртасæг, фыссæг, наудзог, иртасæг, полярон иртасæг, тæхæг, бæлццон, денджызон авиацийы пилот, кинорежиссёр |
Фыд | Йенс Амундсен[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Бæлццоны кадæн рахуыдтой Амундсены денджыз, Амундсены хох æмæ америкаг иртæсæн станцæ Амундсен-Скотт Антарктидæйы континентыл.
Цыбыр хронологи
ивын- 1890-1892 ахуыр кодта медицинон факультеты, сахар Христианийы (ныртæккæ хуыйны Осло).
- 1894-æм азæй 1899-æм азы онг матросæй, стæй штурманæй дæр ленк кодта алыхуызон наутыл.
- Сси фыццаг адæймаг, хуымæтæджы науыл Цæгат-хурныгуылæн фæндагыл чи ахызтис Гренландийæ Аляскæмæ (1903-1906, нау "Йоа").
- "Фрам", зæгъгæ, уыцы науыл ныххæццæ ис Антарктикæмæ æмæ 14 декабры 1911 куыйтыл æрбацыдис Хуссар полюсмæ. Уымæй фæсте ныууагъта Роберт Скотты бритайнаг экспедици.
- 1918-æм аз, сæрды, Амундсены экспедици рацыдис Норвегийæ нау «Мод»-ыл æмæ 1920-æм аз Беринджы донкъубалмæ æрхæццæ ис.
- 1926 Амундсен разамындæй дирижабль «Норвеги» скодта фыццаг æппæт Арктикæйыл атахт: Шпицбергенæй Цæгат полюсмæ, уымæй та — Аляскæмæ.
- 1928, Умберто Нобилейы сæфт италиаг экспедици агуыргæйæ, Амундсен 18 июны хæдтæг «Латам»-ыл Баренцы денджызмæ ныххаудта æмæ 56-аздыздæй амардис.
Литературæ
ивын- Амундсен Р. Южный полюс / Пер. Л. Л. Жданова. — М.: Мысль, 1972.
- Буманн-Ларсен Т. Амундсен. — М.: Молодая гвардия, 2005. — (ЖЗЛ).
- Саннес Т. Б. «Фрам»: приключения полярных экспедиций. — Л.: Судостроение, 1991.
- Центкевич Чеслав и Алина. Человек, которого позвало море. — Л.: Гидрометеоиздат, 1971.
- Черри-Гаррард Э. Самое ужасное путешествие. — Л.: Гидрометеоиздат, 1991.
- Яковлев А. Руал Амундсен. 1872—1928. — М.: Издательство ЦК ВЛКСМ «Молодая гвардия», 1957.
Æддаг æрмæг
ивын- Руаль Амундсен. Журнал «GEO» (2001/№5) цы статья раууагъта, уый.
- Норвегийы тыххæй уырыссагау Амундсены биографи; Амундсен æмæ Бетъырбух
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 1,2 Roux P. d. Nouveau Dictionnaire des œuvres de tous les temps et tous les pays (фр.) — 2 — Éditions Robert Laffont, 1994. — Vol. 1. — P. 83. — ISBN 978-2-221-06888-5
- ↑ 2,0 2,1 Roald Engelbregt Gravning Amundsen // Norsk biografisk leksikon (бук.) — Kunnskapsforlaget. — ISSN 2464-1502
- ↑ Roald Amundsen // Proleksis enciklopedija, Opća i nacionalna enciklopedija (хорв.) — 2009.
- ↑ http://www.nytimes.com/2014/11/06/fashion/watches-travel-exploration.html
- ↑ Store norske leksikon (бук.) — 1978. — ISSN 2464-1480