Бетъырбух
Бетъырбух, нырыккон мыхуыры арæхдæр Санкт-Петербург (уырыс. Санкт-Петербург) у Уæрæсейы империйы кæддæры сæйраг сахар, Нева Финнаг бакæлæнмæ кæм æфты, уыцы ран. Абон дæр Уæрæсейы мидæг Бетъырбух тынг ахадгæ сахар у, бæстæйы дыккаг стырдæр. Бетъырбух у, йæ цæрджыты нымæц иу милуанæй фылдæр кæмæн у, дунейы ахæм цæгатагдæр сахар. Цæрынц дзы 5 милуан адæймагæй фылдæр.
Сахар
![]()
![]() |
Бетъырбух хæссы Хъæбатыр сахары кадджын ном, йе сконды ис æртæ Хæстон намысы сахары (Кронштадт, Колпино, Ломоносов).
Æрæджы Бетъырбухмæ ралидзын кодтой Уæрæсейы Федерацийы Конституцион тæрхондон.

БоныхъæдИвын
Боныхъæд у ромыл æмæ уымæл. Хурджын бонты растæмбис нымæц афæдзы дæргъы у 62. Зымæгон бонтæ сты иттæг талынг, фанартæ судзынц суткæйы 18 сахаты.
ИсториИвын
1703-æм азы 27 майы паддзах Пётр I указмæ гæсгæ Пётр æмæ Павелы гæнахæн йæ бындур сæвæрдтой Невайы дельтæйы. Уыцы цау нымад у Бетъырбухы бындурæвæрды боныл.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг уыдис Ленинграды блокадæ.
1955-æм азæй кусы Бетъырбухы метро.
Бетъырбухы бынат ирон культурæйыИвын
Бетъырбух ахсы зынгæ бынат нырыккон ирон культурæйы. Ам ахуыр кодтой Хетæгкаты Къоста, Брытъиаты Елбыздыхъо, Абайты Васо æмæ бирæ æндæртæ. Ам XX æнусы райдиан мыхуырæй цыдис фыццаг ирон журналтæй иу — «Хуры тын», зæгъгæ (йæ редактор уыди Брытъиаты Е.).
Ныр дæр Бетъырбухы бирæ ирæттæ цæрынц. Ис дзы Цæгат Ирыстоны минæварад[2] æмæ ирон æхсæнад дæр.
Æддаг æрмæгИвын
- Iriston.ru: ирон диаспорæтæ (ис дзы Бетъырбухы тыххæй хайад дæр)
ФиппаинæгтæИвын
- ↑ Оценка численности постоянного населения на 1 января 2022 г. и в среднем за 2021 г. и компоненты её изменения. Федеральная служба государственной статистики . Датæ: 2022-æм азы 26 апрелы.
- ↑ вКонтакте: predstavitelstvo_rsoalania