Андерсен, Ганс Христиан

даниаг фыссæг

Ганс Христиан Андерсен (дан. Hans Christian Andersen; 1805 азы 2 апрелы Оденсе – 1875 азы 4 августы Копенгаген) уыдис даниаг фыссæг. Кæд ма фыста пьесæтæ, бæлцыты афыстытæ, новеллæтæ æмæ æмдзæвгæтæ, Андерсен фылдæр зындгонд у йе ’ргъæутты фæрцы. Андерсены сфæлдыстад канд сывæллæттæ нæ уарзынц, фæлæ ма алы кары адæймæгтæ дæр дунейы бирæ бæстæты.

Ганс Христиан Андерсен
дан. Hans Christian Andersen
Гуырæн ном дан. Hans Christian Andersen
Райгуырды датæ 1805-æм азы 2 апрелы(1805-04-02)[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1875-æм азы 4 августы(1875-08-04)[1][2][…] (70 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, поэт, романист, сывæлæтты фыссæг, автобиограф, драматург, журналист, бæлццон, cut-paper artist, автор, режиссёр, Fairy tale teller, либреттист
Сфæлдыстады азтæ 18271875[7]
Жанр аргъау æмæ роман[d]
Уацмысты æвзаг даниаг[1][8][…]
Хорзæхтæ
Автограф Подпись
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Æдæппæт Андерсены æргъæуттæ сты æппынкъаддæр 3381[9], уыдонæй иуæй-иутæ тæлмацгонд æрцыдысты 125 æвзагмæ[10] æмæ систы бирæ нациты иумæйаг зонды хай.

Æппæты зындгонддæр æргъæутты ’хсæн сты «Къаролы ног дзаумæттæ», «Булæмæргъ» «Чысыл доны чызг», «Митын æхсин», «Фыдуынд бабызы цъиу»[11] æмæ ма æндæртæ. Сæ сюжеттæм гæсгæ æвæрд цæуынц спектакльтæ, балеттæ æмæ кинонывтæ дæр[12]. Ирон æвзагмæ Андерсены таурæгъты раивын байдыдта Æмбалты Цоцко, «Митын æхсин» йæ тæлмацы мыхуырæй рацыдис 1923-æм азы[11].

Андерсен йæ сабибонтæ кæм арвыста, уыцы хæдзар Оденсейы

Бæлцытæй хабæрттæ

ивын

1851-æм азы рухс федта Андерсены бæлцы чиныг «Швецийы». Фæстæдæр ныффыста цалдæр иннæ бæлцы чиныджы дæр: Австри, Швейцари, Испани æмæ Португалийы тыххæй. Иуæй-иу бæлцы чингуыты мидæг дæр бакодта бынæттон æргъæуттæ.

Фиппаинæгтæ

ивын