Андиаты Тебæ (Тепсарыхъо), йæ аргъуыды чырыстон ном та Фёдор (райгуырдис 1860-æм азты Андиатыхъæуы) — ирон кадæггæнæг.

Каст фæци хæххон дыууæкъласон скъола. Уымæн ма уыди цыппар æфсымæры. Сæ сæйраг куыст уыд фосдарын æмæ хуымкæнын. Хохы зæххъуаг кæм уыдысты, уымæ гæсгæ-иу быдыры зæхджынтæй лæскъ райстон зæхх хизæнтæн дæр æмæ нартхоры хуымтæн дæр.

1907—1910 азты Тебæйæн бантыст Дзæуджыхъæуы хæдзар саразын æмæ уым æрцардис.

Йæ фырт Барис райгуырдис 1911-æм азы Дзæуджыхъæуы.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Биазырты Алыксандр. Нарты таурæгътæ æмæ хабæрттæ. Æнæмыхуыргонд тексттæ. — Цхинвал: «Ирыстон», 1973.