Аракел Сюнеци (сом. Առաքել Սյունեցի, райгуырдис 1350-æм азы — амардис 1425-æм азы) — сомихаг поэт[3], философ, музыкант, грамматик[3], педагог æмæ аргъуаны архайæг XIV—XV æнусты[4].

Аракел Сюнеци
Առաքել Սյունեցի
Аракел Сюнеци (1963-æм азы миниатюрæ)
Аракел Сюнеци (1963-æм азы миниатюрæ)
Райгуырды датæ 1350[1][2]
Мæлæты датæ 1425[1][2]
Зонады къабаз поэт, музыкант, грамматик, философ
Зонадон разамонæг Ованес Воротнеци
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст ивын

Ахуырад райста Татевы моладзандоны, Овнан Воротнецимæ æмæ йæ хæстæг Григор Татевацмæ. Скадджын æй кодтой вардапеты къæпхæнæй. Уый фæстæй уæрæхæй райдыдта архайын зонадон къабазыл Татевы. 1407-æм азы сси Сюничы алчер.

Йæ философон куыстыты уæрæх кæны Хуыцацуы космологион бæлвырдгæнæны теори, хæцы сенсуалон æмæ номиналон хъуыдыты ’вварс. Фыста бирæ панегриктæ, кæдоны ардта Сомихаг аргъуаны сыгъдæгты нæмттæ. Уыдис акростихы дæсны. Архайдта музыкæйы кабазыл дæр, йæ аргъуаны зарджытæй кæцыдæртæ нæ заманы онг дæр бахæццæ сты. Музыкæйы теорийыл куыстыты фыста сомихаг адæмон музыкæйы æмæ адæмон инструментты тыххæй.

Куыста æвзагахуырадыл дæр, ныффыста «Грамматикæйы цыбыр анализ». Йæ нымадмæ гæсгæ, æвзæгты иртæсæн, уæлдайдæр мадæлон æвзагы, «куырыхондзинады дунемæ дæгъæл у». Есаи Нчеци критикæ кæнгæйæ, Сюнеци грамматикæйы объектыл фыссынад æмæ зæл нæ нымадта, фæлæ иумæйаг фæлтæрæн, кæцы фыссæг æрæмбырд кæны æмæ йæ хи зондæй æрæмбары. Сомихаг лингвистикæйы Аракел Сюнеци сарæзта стыр къахдзæф физикон ныхасы сырæзты кабазыл архайгæйæ. Сюнеци йæ хъус дардта ныхасы оргæнты арæзтадыл æмæ функцитыл. Уæнгтæм каст куыд иппæрдæй афтæ иумæйагæй дæр баст ныхасы. Фыццаг хатт сын Аракел дæтты сæ биноныг классификаци. Йæ куыстыты снысан кодта ныхасы æртæ хуызы — мидæггаг, дзыхæй ныхас æмæ фыссыны ныхас.

Уымæй биноныгдæр анализ кодта номæн, мивдисæгæн æмæ номивæгæн, сарæзта бирæ мидисджын æмæ аив ныхасæппарæнтæ.

Сюнецийы литературон аивады иуыл ахсджиагдæр уацмыс у поэмæ «Адамы чиныг» (1403 аз) — сæфт дзæнæты, адæймаджы сæфт амонды тыххæй. Уацмысы автор гуырысхо кæны дины догмæтыл. Чиныг конд у æртæ поэмæйæ. Ацы уацмыс нымады у Сомихаг æстæузаманы литературæйы иуыл хуздæртæй. «Адамы чиныджы» æмдзæвгæтæй кæцыдæр ныхæстæ æрæвæрдтой зарæгыл дæр. Мыхуыры рацыд 1721-æм азы Константинополы. Тæлмацгонд у англисаг æвзагмæ.

Сюнеци амардис 1425-æм азмæ ’ввахс, баныгæдтой æй Шатинванчы моладзандоны Ехегнадзоры.

Уацмыстæ ивын

Аракел Сюнеци уыдис æнтысджын автор, йæ мæлæты фæстæ ныууагъта егъау литературон бын:

  • «Комментари Давид Аæнæбасæтгæйы бæрæггæнæнты чиныгмæ» (сом. «Լուծմունք յաղագս Սահմանացս Դաւթի Անյաղթ փիլիսոփայի»«Լուծմունք յաղագս Սահմանացս Դաւթի Անյաղթ փիլիսոփայի»)[5]
  • «Граматтикæйы цыбыр анализ» (сом. «Մեկնութիւն քերականին»)
  • «Адамы чиныг» (сом. «Ադամգիրք»)
  • «Дзæнæты чиныг» (сом. «Դրախտագիրքը»)
  • «Панегирик сыгъдæг Григор Нарекацийæн» (сом. «Ներբողեան ի Ս. Գրիգոր Նարեկացին»)
  • «Григора Рухстауæгы æмæ Нерсес и Цытджын Нерсесы цардафыст æмдзæвгæты» (сом. «Վարք Լուսավորչի և Ներսեսի ոտանավոր»)

Æрвитæнтæ ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Армянская советская энциклопедия (сом.) / ред. Վ. Համբարձումյան, Կ. ԽուդավերդյանՀայկական հանրագիտարան հրատարակչություն, 1974.
  2. 2,0 2,1 Армянская краткая энциклопедия (сом.)Հայկական հանրագիտարան հրատարակչություն, 1990. — Т. 1.
  3. 3,0 3,1 Michael E. Stone. / Adam and Eve in the Armenian Traditions, Fifth through Seventeenth Centuries. — Society of Biblical Lit, 2013. — P. 696. — (Early Judaism and its literature, 38)
  4. Г.П. Хомизури. / Армянская Апостольская Церковь: святые, мученики, видные священнослужители, богословы, христианские деятели культуры, Москва, 2002
  5. H. G. O. Dwight. / Catalogue of all works known to exist in the Armenian language, of a date earlier than the seventeenth century. —Journal of the American Oriental Society, Vol. 3, 1853, p. 277

Литературæ ивын

  • Абегян М., История древнеармянской литературы. Ереван, 1975
  • Потурян М., Аракел Сюнеци и его стихотворения. Венеция, 1914
  • Аревшатян С., Философские взгляды Григора Татеваци. Ереван, 1957
  • Саркисян Г., Видные деятели армянской культуры (V-XVIII века). Ереван, 1982
  • Мкртчян Л., Средневековая армянская лирика. Ленинград, 1972
  • Чалоян В., История армянской философии. Ереван, 1959
  • Мадоян А., Аракел Сюнеци, Ереван, 1987
  • А. Хачикян, G. Басмачян, Э. Франчук, Н. Узунян: The Heritage of Armenian Literature: From the sixth to the eighteenth century, Literary Collections, 2002