Аралы денджыз (хъазах. Арал теңізі [ɑɾɑl ti̯ɘŋɘzɘ́], узб. Orol dengizi [ɒɾɒl deŋgɨzɨ́]) у егъау цæхджын цад Хъазахстан æмæ Узбекистаны арæнтыл. Уымæ цы дыууæ стыр цæугæдоны æфтынц, Сырдарья æмæ Амударья, зæгъгæ, уыдоны дон-иу уагътой быдыртæм, уый тыххæй Аралы денджыз хус кæнын байдыдта. Йæ кæддæры фæзуатæй 10% фылдæр нæ баззад.

Аралы денджыз
хъаз. Арал теңізі, Aral teñızı, узб. Orol dengizi, Орол денгизи, каракалп. Aral teńizi, Арал теңизи
Морфометри
Фæзуат7297-8303 км²
Бассейн
Æфтæг цæугæдæттæСырдарья, Амударья
Ран
44°48′47″ с. ш. 59°36′55″ в. д.HGЯO
Бæстæтæ
Хъазахстан
Аралы денджыз
Узбекистан
Аралы денджыз
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

2008-æм азы кæронмæ раздæры цад у æртæ цады, æрмæстдæр йæ цæгатаг хай (æххæстæй Хъазахстаны у) у дзæбæх — Кокаралы донмарæны фæрцы йæ доны æмвæз рæзы, фæзынди дзы кæсаг дæр.

Аралы денджыз азæй-азмæ
Кæддæры ахсджиаг кæсагдзуаны регионы наутæ сурзæххыл баззадысты