Аристакес Себастаци

Аристакес Себастаци (сом. Արիստակես Սեբաստացի) — сомихаг фыссæг æмæ къухфыстыты рафыссæг XIV—XV-æм æнусты. Литературæйы йæ кæддæрты фæхонынц Рстакес дæр (сом. Ռըստակես)[2].

Аристакес Себастаци
Райгуырды датæ бæрæг нæу[1]
Мæлæты датæ бæрæг нæу[1]
Зонады къабаз фыссæг
Зонадон разамонæг Геворг Ерзнкаци

Ахуырад райста Ерзнкайы, Аваг Ванчы моладзандон скъолайы, зындгонд вардапет Геворг Ерзнкацийы къухдариуæггаджы бын. Уым аддарддæр кодта йæ аивадон архайад дæр. Зынгонд сси цы къухфыстытæ-иу рафыста, уыдоны руаджы. 1412-æм азы йæ йе ’мбал æмæ йæ ’мкълассон Ованес Ерзнкаци фæхуыдта æмæ Аристакес рацыд Татевмæ, фæстæдæр та Хермонмæ, стæй та уырдыгæй Егварды моладзандонмæ[3].

Куыстытæ

ивын

Аристакес цы къухфыстытæ рафыста, уыдонæй абоны онг бахæццæ:

Аристакес йæхæдæг дæр фыста уацмыстæ. Ныры онг дзы æрмæст стæмтæ бахæццæ, се ’хсæн — «Уынаффæтæ ахуыр адæмæн» (сом. «Խրատ ուսումնականաց անձանց»), уыцы уац автор бафтыдта йæ «Златочревы» редакцимæ.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Сомихаг советон энциклопеди (сом.) / ред. Վ. Համբարձումյան, Կ. ԽուդավերդյանՀայկական հանրագիտարան հրատարակչություն, 1974.
  2. Энциклопедия «Кто есть кто. Армяне», Արիստակես Սեբաստացի, Ереван, 2005
  3. Армянская Советская Энциклопедия. Ереван, 1976, стр 62