Асуаны донмарæн (арабб. السد العالي‎‎ [ас-сад ал-али]) у Мысыры стырдæр донмарæн цæугæдон Нилыл. Йæ арæзтад цыдис 1960-æм азæй 1970-æм азы онг, Советон Цæдисы æххуысæй. Донмарæны проект скодтой советон институт «Гидропроекты» специалисттæ, Советон Цæдис бафыста арæзтады аргъы æртыккаг хай.

Насеры цад æмæ Асуаны донмарæн Мысыры картæйыл

Донмарæны фæрцы цы донуат фæзындис, уый Насеры цад хонынц, Мысыры уæды раздзоджы номæн.

Донмарæн хъуыдис доны æмвæзад контроль кæнынæн, электроэнерги исынæн (æппæт бæстæйы генерацийæ 15%) æмæ ирригацийæн.