Ахматова, Раисæ Солтамурады чызг
Раисæ Солтамура́ды чызг Ахма́това (райгуырд 1928-æм азы 30 декабры, Грознайы, ССРЦ — амард 1992-æм азы 29 январы, Грознайы, Уæрæсейы) — цæцæйнаг советон поэт, Цæцæн-Мæхъхъæлы АССР-ы Адæмон поэт, Цæцæн-Мæхъхъæлы АССР-ы Фысджыты цæдисы сæрдар 1963-æм азæй 1985-æм азы онг.
Раисæ Солтамурады чызг Ахматова | |
---|---|
цæц. Раиса Солтамурадовна Ахматова | |
Райгуырды датæ | 1928-æм азы 30 декабры[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1992-æм азы 29 январы (63 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэтессæ, публицист |
Сфæлдыстады азтæ | 1958 — |
Жанр | æмдзæвгæ[d] |
Уацмысты æвзаг | уырыссаг æмæ цæцæйнаг æвзаг |
Хорзæхтæ |
Цардафыст
ивынРайгуырд кусæджы бинонты 1928-æм азы 13-æм декабры. 1943-æм азы фæци Грознайы педагогон училище. Депортацийы æзты, 1946-æм азæй 1956-æм азы онг куыста ахуыргæнæгæй Хъазахстаны. 1956-æм азæй райдыдта кусын журналистæй. 1958-æм азы бацыд Уæлдæр литературон курстæм А. М. Горькийы номыл литературон институтмæ[2].
Раисæ Ахматова уыд фыццаг сылгоймаг, кæцыйы схорзæхдзын кодтой «Цæцæйнаг-Мæхъхъæлон адæмон поэт»-ы номæй. Фыццаг хатт цæцæйнаг литературæйы Ахматова йæ хъайтарты равдыста удгоймæгты хуызы, кæдон æхсæнады царды истой активон хайад. Цикл «Иууыл зынаргъдæр»-ы (æмбырд «Откровение») Ахматова фыста йæ райгуырæн бæстæйыл, дунейыл æмæ хæлардзинадыл. Йæ чингуытæ мыхуыры рацыдысты ССРЦ-йы бирæ адæмты æвзæгтыл. Уымæй уæлдай ма уыдысты тæлмацгонд хиндимæ, англисаг, францусагмæ, польшæйаг æмæ немыцаг æвзæгтæм.
Активон хайад иста æхсæнады царды. Уыдис Цæцæн-Мæхъхъæлы АССР-ы Фыссджыты цæдисы сæрдар 1961-æм азæй 1983-æм азы онг, Советон Цæдисы Коммунистон партийы XXII-æм съезды делегат. Бирæ æзты дæргъы уыд Дуне хъахъхъæнынады Советон Комитеты уæнг. Йæ царды фæстаг æзты уыд республикæйы Культурæйы уынаффæйадон фонды сæрдар.
Кæцыдæр иртасджытæ æнхъæлынц, æмæ йе ’мдзæвгæты архив (600 папкæйæ фылдæр) Фыццаг цæцæйнаг хæсты рæстæг фесæфт.
Хорзæхтæ
ивын- Адæмты хæлардзинады орден (1979-æм азы 2-æм январы)
- Орден «Кады нысан»
Аивады
ивын1972-æм азы Иван Бекичев сарæзта Раисæ Ахматовайы скульптурон портрет.
Мысæн
ивын2012-æм азы Раисæ Ахматовайы баргъæвтой Æппæтдунеон сылгоймæгты поэзийы антологимæ цæцæйнаг поэзийы минæварæй[3].
Æрвитæнтæ
ивын- Раисæ Солтамурады чызг Ахматова — Стыр советон экнциклопедийы уац.
- ЖЗЛ. Раиса Ахматова Архивгонд æрцыдис 18 декабры 2013 азы.
- Раиса Ахматова(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
- Имена чеченских поэтесс вошли в Антологию всемирной женской поэзии(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Россия для всех. Датæ: 2015-æм азы 8 январы. Архив 2015-æм азы 10 январы.
- Имена чеченских поэтесс Раисы Ахматовой и Лулы Куни вошли в Антологию Всемирной женской поэзии . Информационное агентство «Грозный-Информ». Датæ: 2015-æм азы 8 январы.
- Чеченская поэтесса Раиса Ахматова . Датæ: 2018-æм азы 25 ноябры.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Ахматова Раиса Солтамурадовна // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ Раиса Ахматова. Жизнь и творчество народной поэтессы . liveinternet.ru. Датæ: 2017-æм азы 20 ноябры.
- ↑ grozny-inform.ru. Имена чеченских поэтесс Раисы Ахматовой и Лулы Куни вошли в Антологию Всемирной женской поэзии . archive.li. Датæ: 2017-æм азы 20 ноябры.