Бæдоаты Хъазыбег
Бæдоаты Хъазыбег Иссæйы фырт (райгуырдис 1901-æм азы Тылаттатыхъæуы, ныры Беслæн — амардис 1979-æм азы) — ирон фыссæг, тæлмацгæнæг æмæ журналист. Уый бакаст хъæууон скъолайы æхсæз къласы æмæ куыста уацхæссæгæй.
Бæдоаты Хъазыбег | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1901 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1979 |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | фыссæг |
1930-æм азы каст фæци Мæскуыйы журналистикæйы институт, куыста газет «Рæстдзинады» редакторæй. Фæстæдæр — Даргъ-Къохы районы газеты бæрнон секретарæй, стæй та газет «Социалистическая Осетия»-йы хайады сæргълæууæгæй. 1937-æм азы репрессигонд æрцыдис.
Йæ фыццаг радзырдтæ æмæ очерктæ мыхуыры фæзындысты 1928-æм азы. Ныффыста чингуытæ «Тохæй тохмæ», «Амонд агурджытæ». Тæлмац кодта уырыссаг аив прозæ.
Бæдоаты Хъазыбег амард 1979-æм азы декабры мæйы.
Æддаг æрмæг
ивын- Бæдоаты Хъазыбеджы биографи (уырыс.)