Бабочиты Омарбийы фырт Руслан (райгуырдис 1950-æм азы, Цыколайы) у дыгурон поэт.

Бабочиты Руслан
Райгуырды датæ 1950
Райгуырæны бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт

Цардафыст ивын

Руслан райгуырдис Цæгат Ирыстоны, Цыколайы хъæуы. Йæ райгуырæн хъæуы скъола каст куы фæцис, уæд бацыдис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологион факультетмæ. Иуцасдæр акуыста ахуыргæнæгæй, стæй та — партион æмæ советон оргæнты. Ныртæккæ у Æрæфы районы администрацийы культурæйы хайады сæргълæууæг.

Руслан литературон куыстыл фæцалх ис, скъоладзау ма куы уыд, уæд. Йе ’мдзæвгæты фыццаг чиныг «Фиди фарнæ» рацыдис 1981-æм азы Дзæуджыхъæуы. Уый фæстæ ма рауагъта дыууæ поэтикон æмбырдгонды: «Авдæни зар» (чиныгуадзæн «Ир», 1990) æмæ «Цыколайаг изæртæ» (чиныгуадзæн «Ир», 2003).

Цитатæ ивын

Поэт æмæ литературæиртасæг Хъодзаты Æхсар ахæм аргъ скодта Русланы сфæлдыстадæн[1]:

 

Руслан бирæ нæ фыссы, фæлæ цы фыссы, уый цæуы йæ зæрдæйы æрфытæй. Йæ хуыздæр æмдзæвгæтæ семыдзаг сты уарзт æмæ мастæй. Нæ мæнг дунейы хæрам тыхты æнаккаг митæм поэтæн рафыцы йæ маст, æрдзы, царды фарнхæссæг нывтæ уынгæйæ та йæм равзæры сыгъдæг уарзондзинад. Уыцы дыууæ тыхы (хорз æмæ фыды) æнусон, æнæбафидаугæ тохы бындурыл æнцайы Бабочийы-фырты поэзи.

 

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Журнал «Мах дуг», 2008 азы 5-æм номыр, 178-æм фарс.