Багаты Лади
Багаты Захары фырт Лади (Владимир)[1] (райгуырдис 1920-æм азы, Тибы хæуы) у ирон поэт, педагог.
Багаты Лади | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1920 |
Райгуырæны бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэт |
Цардафыст
ивынБагаты Лади райгуырдис Цæгат Ирыстоны Тибы хъæуы зæхкусæджы хæдзары. 1922 азы йæ бинонтæ ралыгъдысты быдырмæ æмæ æрцардысты Къостайыхъæуы. Лади каст фæци авдазон скъола æмæ Ирпедтехникум, стæй ахуыр кæнын райдыдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты. Институты кæронмæ нæ бакасти — 1940 азы йæ акодтой Сырх Æфсадмæ. Ульяновсчы хæстон скъола фæуыны фæстæ ацыди Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ. 1947 азы сыздæхтис Ирыстонмæ æмæ йæ ахуыр ахæццæ кодта педагогон институты (фæсаууонмæ). Каст æй куы фæци, уæд куыста ахуыргæнæгæй алы хъæуты, стæй Ахуыргæнджыты дæсныйад хуыздæргæнæн институты, ноджы уыди Къостайыхъæуы скъолайы директор.
Лади у цалдæр поэтикон чиныджы автор. Уымæй дарддæр Гаппуаты Хъасболатимæ сарæзта ирон æвзаджы кæсыны чингуытæ райдайæн кълæстæн. Ахуыргæнджытæн сæ куысты фæахъаз сты йæ методикон амындтытæ, диктантты æмбырдгонд æмæ а.д.