Балкайнаг æвзæгты цæдис
Балкайнаг æвзæгты цæдис у индоевропæйаг æвзæгты къорд, кæцыйы уæнгтæ иу къабазæй не сты, фæлæ се ’хсæн сæвзæрди бæрæг иудзинад. Уыцы иудзинады разындытæ ссардæуыдысты сæ фонологион, морфологион, синтаксикон, лексикон, дзырдарæзтон æмæ фразеологион æмвæзты.
Цæдисы уæнгтæ сты албайнаг, иуæй-иу славяйнаг, ромайнаг æвзæгтæ æмæ, къаддæр бæрцы, бердзенаг æвзаг.
Дæнцæгæн, балкайнаг æвзæгты гуырынон æмæ дæттынон хауæны формæтæ фемхуызон сты. Иухуызон сты бынаты æмæ арæзты разæгъæнтæ:
Æвзаг | «Гречъы» | «Грекъмæ» |
---|---|---|
албайнаг | në Greqi | në Greqi |
аромунаг | tu Elladha | tu Elladha |
болгайраг | в Гърция | в Гърция |
бердзенаг | στην Ελλάδα | στην Ελλάδα |
румынаг | în Grecia | în Grecia |
Балкайнаг цæдисы æвзæгты фесæфти мивдисæджы æбæлвырд формæ (инфинитив). Мæнæ уыцы æвзæгтыл фыст фразæ «Мæн фæнды фыссын»:
Æвзаг | Тæлмац | Фиппаинаг |
---|---|---|
албайнаг | Dua të shkruaj | |
македойнаг | Сакам да пишувам | |
болгайраг | Искам да пиша | |
ног бердзенаг | Θέλω να γράψω | фæлæ рагон бердзенаг æвзагыл: βούλομαι γράψαι |
румынаг | Vreau să scriu | абар: Vreau a scrie, æндæр раст формæ |
сербаг | Желим да пишем | хорватагау фæзæгъынц: желим писати |
туркаг æвзаджы болгайраг диалект | İsterim yazayım | нырыккон литературон туркаг æвзагыл зæгъынц æй инфинитивимæ: yazmak istiyorum |
Финнаг славист Йоуко Линдстедт разæвæрдта балкайнаг миниуджыты барæн — «балканизацийы индекс». Йæ иртæстмæ гæсгæ[1], æппæты «балкайнаггонддæр» æвзаг у македойнаг (йæ индекс у 12):
Æвзаг | Индекс |
---|---|
Балканы славяйнаг æвзæгтæ | 11,5 |
Албайнаг | 10,5 |
Бердзенаг æмæ Балканы ромайнаг æвзæгтæ | 9,5 |
Цигайнаг | 7,5 |
Æддаг æрмæг
ивын- Grey Thomason, Sarah Linguistic areas and language history (PDF) (1999).
- Tomić, Olga Mišeska The Balkan Sprachbund properties: An introduction to Topics in Balkan Syntax and Semantics (PDF)(æнæбаххæсгæ æрвитæн) (2003). Датæ: 2009-æм азы 27 февралы. Архив 2003-æм азы 11 сентябры.
Литературæ
ивын- Малый диалектологический атлас балканских языков. Под ред. А. Н. Соболева. Пробный выпуск. Muenchen: Biblion Verlag, 2003. Серия лексическая. Том I. Лексика духовной культуры. München: Biblion Verlag, 2005. Серия лексическая. Том II. Человек. Семья. München: Biblion Verlag, 2006. Серия грамматическая. Том I. Категории имени существительного. München: Biblion Verlag, 2005.
- А.Ю. Русаков, А.Н. Соболев. Субстанциально-функциональная теория балканского языкового союза и славянские языки. Санкт-Петербург, 2008.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Lindstedt J. Linguistic Balkanization: Contact-induced change by mutual reinforcement. 2000. P. 231–246. ISBN 90-420-1322-2