Ба́ффины Зæхх (англ. Baffin Island, инуктитут ᕿᑭᖅᑖᓗᒃ, Qikiqtaaluk) у Канадæйы цæгатон сакъадах, провинци Нунавуты (Канадæйы Арктикон архипелаг), регион Кикиктанийы.

Баффины Зæхх
англ. Baffin Island, фр. Île de Baffin, инуктитут ᕿᑭᖅᑖᓗᒃ, Qikiqtaaluk
Характеристикæ
Фæзуат507 451 км²
Бæрзонддæр цъупп2147 м
Цæрджытæ13 000 ад. (2021)
Æнгомад0,03 ад./км²
Ран
69° с. ш. 72° з. д.HGЯO
АкваториЦæгат Ихджын фурд
Бæстæ
ТерриториНунавут
Канадæ
Баффины Зæхх
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Баффины Зæхх у Канадæйы стырдæр сакъадах æмæ фæндзæм дунейыуæттæй сæ фæзуатæй абаргæйæ (507 451 км²), фæлæ йыл йæ тызмæг æмæ зын уавæрты тыххæй цæры æрмæст 11 æрзæйы бæрц адæймаджы.

Географи

ивын

Сакъадахы стырдæр цæрæн бынат у Икалуит, Нунавуты провинцийы сæйраг сахар.

Скæсæн æмæ цæгат-скæсæнырдæм Баффины Зæххæй та ис планетæйы стырдæр сакъадах — Гренланди. Дыууæ сакъадахы сты Девисы донхуыйæн æмæ Баффины бакæлæнæй дихгонд. Хуссарырдæм дзы у Гудзоны донкъубал, кæцы дих кæны сакъадах æмæ Квебечы провинцийы, хуссар-ныгуылæнырдыгæй та ис Гудзоны бакæлæн æмæ Нунавуты континенталон хай. Ныгуылæн æмæ цæгатырдыгæй Баффины Зæхх у лыстæг донхуыйæнтæй дихтæгонд Канадæйы арктикон архипеладжы æндæр сакъадæхтимæ.

Сакъадахыл ис бирæ нуазыны цæдтæ, дыууæ дзы сты егъæуттæ — Неттиллинг (5542 км²) æмæ Амаджуак (3115 км²). Геологион æгъдауæй, Баффины Сакъадах у Канадæйы уарты скæсæн кърайы дарддæрдзу, ууыл цæуынц Арктикон Кардильертæ. Сакъадахы бæрзонддæр цъупп у хох Один (2147 м), цъус ныллæгдæр — хох Асгард (2015 м). Сакъадахы централон хай у æдзæрæнау, хæххон æмæ тызмæг. Цæрджытæ æппæтбæрцы ’ввахсмæ цæрынц донбылтыл, иу-цалдæр зонадон экспедицийы едтæмæ, кæдоны æрдзы æгайнагдзинад æмæ йæ йæ раиртасæн адæймаджы тæфаг минималон кæм у, уым, сайынц сæхимæ.

Истори

ивын

Сакъадах хæссы бритайнаг бæлццон Уильям Баффины ном. Уый уыд фыццаг, чи æрфыста сакъадахы хабар 1616-æм азы, æмæ нымад у, цыма Баффин уыди фыццаг европæйаг, кæцы йæ байгом кодта. Фæлæ Гренландийы байгомы моментæй, йæ ныгуылæнырдыгæй, алы картæтыл æдзух æвдыстой æндæр ’мæ ’ндæр ас æмæ нæмттимæ сакъадах.

«Мификон» сакъадах уыди æви ма Баффины Зæхх чидæр байгом кодта раздæр — нырма бæрæг нæу.

1576-æм азы, сакъадахы хуссар хайы уæлнауæй æрхызтызты бритайнæгтæ, Мартин Фробишеры экспедициимæ, кæцы ма байгом кодта йæ номхæссæг донкъубал. Англисæгты фæлвæрдæй бынæттон эскимостимæ сцæдис уæвынæй ницы рауади конфликтæй дарддæр, кæцыйы бритайнæгтæй фæхъуыди 5 лæджы æмæ аборигены уацары бакæнгæ.

Фробишеры фæстæдæр экспедицитæ 1577 æмæ 1578 æзты хастой ам сыгъзæринкъахæнтæ скæныны нысан. Уый охыл, Фробишер-Бейы цур чысыл хъæу бындурæвæрд æрцыд, шахтæтæ къахт æмæ сæрмагонд агъуысттæ, æрзæт æнхъæвзынмæ æмæ йæ æфснайдæй дарынмæ. Фæлæ Англисмæ 1578 азы цы «зæрин згъæрдур» нылластой, уый йе ’взæрсты пирит куы разынит, æуый фæстæ англисæгты ленчытæ Баффины сакъадахмæ рæстæгмæ æрурæды сты.