Беджызаты Дауыты фырт Чермен (райгуырдис 1898-æм азы 23 декабры Урстуалты Едысы хъæуы — амардис 1938-æм азы) у ирон фыссæг.

Беджызаты Чермен
Райгуырды датæ 1898-æм азы 23 декабры(1898-12-23)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1938
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, поэт
Сфæлдыстады азтæ 19201934
Уацмысты æвзаг ирон

Ахуыр кодта Гуры (дины ахуыргæнæндон, 19081914), стæй Калачы (дины семинар, 1914—1917). 1915 азы, 17 азы ыл куы цыдис, уæд райдыдта фыссын æмдзæвгæтæ.

Чермен активонæй архайдта Хуссар Ирыстоны революцион змæлды, 19181920 азты уыд Ручъы парторганизацийы разамонæг. Хуссар Ирыстоны советон хицаудзинад куы æрфидар, уæд куыста бирæ бæрнон бынæтты — уыдонимæ газет «Хурзæрин»-ы редакторæй, зонадон-иртасæн институты директоры хæдивæгæй, Гуырдзыстоны фысджыты цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады сæрдарæй, журнал «Фидиуæджы» редакторæй æмæ æндæрты[1].

Чермены сфæлдыстад бирæвæрсыг у. Ирон литературæйы зынгæ бынат æрцахстой йæ уацаутæ «Бирæгътæ» æмæ «Мæсгуытæ дзурынц», драмæтæ «Чи кæй» æмæ «Октябры тырысайы бын», йæ боныг «Ссыгъди цард», радзырдтæ «Æртæ фæкасты» æмæ «Уад асаста гæды бæлас», очерктæ «Колхæдзарад», «Ихдзагъд» æмæ æндæртæ. Ирон поэзийы аккаг бынат æрцахстой Чермены фыст поэтикон уацмыстæ дæр.

Æрвитæнтæ ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Курдиаты хъомыс // Рæстдзинад №240, 2008 азы 24 декабрь, ф. 3.