Бехеште-Захра (перс. بهشت زهرا [behešt-e zahrâ]) у Ираны стырдæр уæлмæрдтæ. Æрбынат кодтой Тæхранæй хуссарырдæм 6 км æддæдæр, Дарсанабады сахармæ хæстæг.

Бехеште-Захрайы уæлмæрдтæ

Уæлмæрдты цæгат хайы ис Имам Хомейнийы номарæн (мемориалон) комплекс æмæ мавзолей. Бехеште-Захрайы уæлмæрдты ныгæд æрцыдысты Пысылмон революцийы, стæй Иран æмæ Иракы ’хсæн хæсты бирæ архайджытæ æмæ хъайтартæ — Мохаммад Али Раджаи, Мохаммад Джавад Бахунар, Махмуд Талегани æмæ æндæртæ.

Уæлмæрдтæ байгом кодтой 1970-æм азы 25 июлы. Йæ ном «Бехеште Захра» амоны «Захрайы дзæнæт». Захра уыди Мæхæмæт пехуымпары цыппæрæм чызг æмæ Имам Алийы бинойнаг. Радтой йын фæсном аз-Захра («Æрттиваг»). Уæлмæрдтæм бахæццæ уæвæн ис метройы фæрцы кæнæ Раджаийы проспектыл, Бехеште-Захрайы проспектыл æмæ Тæхран—Кумы сосавæндагыл.

1979-æм азы 1 февралы, Тæхранмæ цы бон раздæхтис, уæд Бешехте-Захрайы Аятолла Хомейни адæмы раз загъта, историон нысаниуæг кæмæн ис, йæ уыцы ныхас[1][2].

Фиппаинæгтæ ивын