Персайнаг (персаг) æвзаг кæнæ фарси (زبان فارسی — zabân-e fârsi) — æвзæгты индоевропæйаг бинонты ирайнаг къабазы, дзурджыты нымæцмæ гæсгæ, тæккæ ахсджиагдæр æвзаг; у Ираны официалон æвзаг.

Персайнаг æвзаг
Хином فارسی fârsi
Бæстæтæ Иран, Афгъанистан, Таджикистан, Пакистан
Официалон статус Иран
Æдæппæт дзурджыты нымæц 56 млн.
Рейтинг 12
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ

Индоевропæйаг æвзæгтæ

Ирайнаг æвзæгтæ
Хуссар-ныгуылæйнаг ирайнаг æвзæгтæ
Фыссынад араббаг алфавит (персайнаг алфавит)
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1 fa
ISO 639-2 per æмæ fas
ISO 639-3 fas
ГОСТ 7.75–97 пер 535
Ethnologue fas
ABS ASCL 4106
IETF fa
Glottolog fars1254
Википеди ацы æвзагыл

Иумæйаг зонæнтæ ивын

 
Персайнаг æвзаджы ахæлиу

Персайнаг æвзаджы варианттæ сты Афгъанистаны (дари, æндæр ном — фарси-кабули) æмæ Таджикистаны (таджикаг æвзаг) паддзахадон æвзæгтæ. Æмбæлы ма Пакистаны. Персайнагау дзурæг иуæй-иу этникон къордтæ ма ис Персы бакæлæны бирæ бæстæты: Бахрейны, Иракы, Оманы, Йемены æмæ æндæрты. Персайнагау дзурджыты нымæц у 115 милуанмæ ’ввахс: Ираны — 65 млн (бæстæйы цæрджыты 90%), Таджикистаны — 7 млн, Афгъанистаны — 34 млн, Узбекистаны цæрæг таджикæгтæ — 7 млн, стæй, дарийыл чи дзуры, уыцы 2 млн пакистайнаджы.

Персайнагау чи дзуры, уыдон æрвылбоны хуымæтæджы царды, стæмтæй фæстæмæ, литературон æвзагæй пайда нæ кæнынц, фæлæ уыимæ, диалектты ’хсæн ис уыйбæрц бирæ хъауджыдзинæдтæ æмæ сæ ис схонæн хицæн æвзæгтæ.

Персайнагау фыссынæн пайда кæнынц, араббаг фыссынады бындурыл чи сарæзтæуыд, ахæм персайнаг алфавитæй. Ис дзы, араббаг æвзаджы не ’мбæлæг мыртæ чи ’вдисы, ахæм цалдæр дамгъæйы. Æвзаджы лексиконы ис иттæг бирæ араббагæй æрбафтæг дзырдтæ.

Æвзаджы райрæзты истори ивын

Рагперсайнаг æвзаг æмбæлыди Ираны хуссар-ныгуылæны нæ эрæйы агъоммæ I æнусы, æмæ уыди Ахменидаг паддзахады сæргълæуджыты мадæлон æвзаг. Уыцы ’взагæн пайда чындæуыд цуркфыст (клинопись). Уæды заман ма парахат уыди, рагперсайнагæн хæстæг чи æййафта, уыцы авестæйаг æвзаг.

Астæуперсайнаг æвзаг (æндæр ном — пехлеви) уыдис рагперсайнаджы фæдон æмæ æмбæлыди нæ эрæйы I æнусы; уыди Сасанидты паддзахады официалон æвзаг. Араббæгтæ Иран куы бацахстой (VII æнус), уæд ма уымæй пайда кодтой Ираны зороастрийæгтæ æмæ Индийы цæрæг парсæгтæ. Фыссынæн пайда кодтой арамейаг графикæйы варианттæй.

Ногперсайнаг æвзаг зындгонд у IX æнусæй, æмæ фыссынæн пайда кæны цъус бандæрхуызонгонд араббаг алфавитæй. Иран пысылмон куы ссис, уæдæй фæстæмæ, исламыл хæст бæстæты, персайнаг нымад у дыккаг ахсджиагдæр литературон æвзагыл. Уыцы æвзагыл сфæлдыстæуыд Ираны æстæузаманы классикон дзырдаивад (Фирдоуси, Рудаки, Гафиз, Омар Хайам), æмæ ныронг уыцы уацмысты хъæд нымад у персайнаг æвзаджы фæзминаг дæнцæгыл.

Персайнаг æвзагæй пайда кодтой канд Ираны нæ, фæлæ ма Хæстæг Скæсæны, Хуссар Кавказы, Астæуккаг Азийы, Индийы.

Йæ миназыккон историйы дæргъы ногперсайнаг æвзагыл тынг бандæвта араббаг æвзаг (классикон поэтты уацмыстыл ма уыйбæрц нæ зынди): араббагæй активонæй æфтыди канд дзырдтæ нæ, фæлæ ахадгæ дзырдаразæг модельтæ, грамматикон бæрæггæнæнтæ, æнæхъæн фразæтæ æмæ формулæтæ. Уæлдай бæрæгæй араббаг тæваг зыны официалон æмæзонадон æвзаджы. Суанг ма дзæвгар сæрысуангон дзырдтæ араббаг тæваджы охыл фæивтой сæ фонетикон сконд (зæгъæм, æвзагæн йæхи ном раздæры pârsi райста ног хуыз: fârsi). XIX æнусы персайнаг æвзагмæ æфтын райдыдтой дзырдтæ францаг æмæ англисаг æвзæгтæй.

1930-æм азты, сах Реза Пехлевийы националистон идеологи куы сфидар чындæуыд, уæд арæзт æрцыд Персайнаг æвзаджы Академи. Йæ нысантæ уыдысты: ссыгъдæг кæнын персайнаг æвзаг араббаг æмæ ныгуылæны европæйаг дзырдтæй, ногæй пайда кæнын рагон дзырдтæй, стæй, сæрысуанджы персайнаг уидæгтæ кæмæн уыдзæн, ахæм ног дзырдтæ хъуыды кæнын.

1941-æм азы сах йæ бынатыл йæ къух куы систа, уæд Академийы архайд æрбамынæг ис, 1970-æм азты та, бæстæйы сæргъы сахы фырт Мохаммед Реза-сах куы уыди, уæд рæстæгмæ фæстæмæ райтынг ис. 1979-æм азы Пысылмон революцийы фæстæ «сыгъдæг кæныны» куыст бынтон нынцади æмæ ногæй парахатæй пайда кæнын райдыдтой араббаг æмæ европæйаг æвзæгтæй æрбайсгæ дзырдтæй.

1990-æм азы арæзт æрцыд персайнаг æвзаджы ног Академи, фæлæ ныронг мыхуыры ницавæр æрмæджытæ ма рауагъта.

Нырыккон литературон персайнаг æвзаг классиконæй зынгæ хицæн кæны æппæт лингвистон æмвæзæдтыл: фонетикæйы, морфологийы, синтаксисы, лексикæйы.

Ныртæккæйы æвзагон процессты ’хсæн бафиппайæн ис ахæм здæхт: литературон æмæ хуымæтæджы ныхасы æвзæгтæ кæнынц кæрæдзимæ хæстæгдæр. Уыцы миниуæг бæрæг-бæлвырд зыны, XX æнусы райдианæй фæстæмæ кæй ныффыстæуыд, ирайнаг фысджыты уыцы уацмысты.

Социолингвистон уавæр ивын

Литературон персайнаг æвзаг у Ираны официалон æвзаг æмæ скъолайы предметтæ кæуыл ахуыр кæнынц, ахæм æвзаг. Персайнаг æвзаджы бирæ диалекттæ кæй ис, стæй сæ фылдæр (уыдонимæ тегерайнаг диалект дæр) литературон æвзагæй дард кæй лæууынц, уыйадыл зæгъæн ис æмæ ахуыргонд персайнæгтæн сæ фылдæр сты дывзагонтæ.

Диалекттæй уæлдай ма Ираны æмбæлынц æндæр ирайнаг (мазендерайнаг, гиляйнаг æмæ æнд.) æмæ тюркаг (азербайджайнаг, туркеменаг, кашкайаг æмæ æнд.) æвзæгтæ. Уыцы æвзæгтыл дзурджытæн дæр сæ фылдæр сты дывзагонтæ. Тынг арæх фæйнæхуызон диалекттыл дзурæг æмæ кæрæдзи не ’мбарæг ирайнæгтæн литературон æвзаг ахъаз фæвæййы лингва-франкæ-йы хуызы.

Ирайнаг съолаты ма æнæмæнг ахуыргæнинаг предмет у, ныр дæр персайнагыл чи æндавы, уыцы араббаг æвзаг.

Æвзаджы равзæрды æмæ ареалон характеристикæ ивын

Персайнаг æвзаг хауы ирайнаг æвзæгты хуссар-ныгуылæйнаг къордмæ, æмæ дзурджыты нымæцмæ гæсгæ у тæккæ арæхдæр æмбæлæг ирайнаг æвзаг. Уыцы къорды иннæ дыууæ стыр æвзаджы — таджикаг æмæ дари — арæх нымайынц персайнаг æвзаджы варианттыл, уыцы æртæ æвзаджы кæрæдзимæ тынг хæстæг кæй сты (уæлдайдæр сæ литературон формæтæ).

Персайнаг æвзаджы бæрæгæй зыны, индоевропæйаг æвзæгтæн характерон чи сты, уыцы миниуджытæ:

  • дзырды уидаджы аблаут;
  • парахат флективон мивдисæгон морфологи.

Уыимæ персайнаг æвзаджы ногдзинæдтыл банымайæн ис ахæм миниуджытæ:

  • разæфтуан-арæх чи у, нæмтты ахæм аналитикон системæ;
  • нæмтты аффиксты агглютинативондзинад;
  • изафетон конструкци (гæнæн ис æмæ уый у, персайнагмæ хæстæг чи æмбæлы, уыцы семитаг æвзæгты (фыццаджыдæр араббаджы) тæваг).

Ареалон тæваг кæуыл фæбæрæг ис, æвзаджы уыцы къабæзтæ сты:

  • фонологи (хурхон æвиппайдон мыртæ, стæй уыимæ æмбæлынц æрмæст араббагæй æрбайсгæ дзырдты; увулярон æвиппайдон æмæ фрикативон мыртæ);
  • нæмтты морфологи (изафет, стæй араббагæй чи æрбафтыди, уыцы бирæон нымæц æвдисæг бæрæггæнæнтæ);
  • лексикæ (араббагæй æрбайсгæ егъаунымæц дзырдтæ).

Уыимæ мивдисджыты системæйы, æмтгæй райсгæйæ, хъахъхъæд сты индоевропæйаг хиæдтæ.

Типологион характеристикæ ивын

Грамматикон нысаниуджытæ æвдисынмæ гæсгæ персайнаг æвзаг бахæссæн ис, синтезмы элементтæ кæмæн ис, ахæм аналитикон æвзæгтæм: мивдисджыты уæлиуæг кæнынц синтетикон формæтæ, грамматикон нысаниуджытæ та æвдыст цæуынц фылдæр хатт разæфтуанты фæрцы.

Фонологи ивын

Хъæлæсонтæ ивын

Классикон персайнаг æвзаджы хъæлæсонтæ фонологион æгъдауæй дихгонд уыдысты дæргъвæтинтæ æмæ цыбыртыл. Нырыккон æвзаджы уыцы дихдзинад нал ис, æмæ йæ бæсты хъæлæсонтæ хицæн кæнынц сæ æнæфæцудгæдзинадмæ гæсгæ.

Фæцудгæ (кæнæ лæмæгъ) хъæлæсонтæ сты /e/, /æ/, /o/; æнæфæцудгæтæ (тыхджынтæ) та — /ɒ/, /u/, /i/. Лæмæгъ хъæлæсонтæ тыхджынтæй хицæн кæнынц уымæй æмæ сæм редукци æмæ фонетикон фæивдтытæ арæхдæр кæй вæййы.

Персайнаг æвзаджы ис ма дыууæ дифтонгы — /ou/ и /ei/.

Æмхъæлæсонтæ ивын

Фонемæтæ /p/, /t/, /k/ арæхдæр хъуысынц куыд аспираттæ, уæлдайдæр цавдон хъæлæсонты æмæ сонорон æмхъæлæсонты раз куы вæййынц, уæд, стæй ма дзырды кæрон: pul [pʰul] «æхца», tup «пурти» [tʰup].

/k/ æмæ /g/ палатизацигонд фæвæййынц дзырды кæрон æмæ раззаг рæнхъы хъæлæсонты раз: gorg [gorgʲ] «бирæгъ».

Зылангон æмхъæлæсонтæ дзырды кæрон æзылангон нæ фестынц. Фонемæ /ʁ/-йæн (транслитерацийы: q) ис дыууæ аллофоны: фрикативон [ʁ] æмæ æвиппайдон [ɢ]. Æвиппайдон вариант фылдæр хатт æмбæлы дзырды райдианы. Хурхон æвиппайдон /ʔ/ æмбæлы араббагæй æрбайсгæ дзырдты.

Цавд ивын

Персайнаг цавд у дыкомпонентон: тыхон (динамикон) æмæ тоникон. Цавд фылдæр хатт хауы фæстаг уæнгыл: xâneh «хæдзар», xânehâ «хæдзары (мидæг)». Æнæцавдон дзырды кæрон фылдæр хатт вæййынц грамматикон бæрæггæнæнтæ (зæгъæм, изафет), стæй хайыгтæ. mi- æмæ be-, зæгъгæ, уыцы разæфтуантæй цы мивдисæгон формæтæ райдайынц, уыдонæн сæйраг цавд вæййы разæфтуаныл, фæрсагон та — цæсгомон кæроныл: míravàm ‘æз цæуын’.

Ныхасы уæнджы структурæ ивын

Дзырды уæнгты сæйраг хуызтæ сты ахæм: CV — do ‘дыууæ’, to ‘ды’; CVC — dud ‘фæздæг’, mâr ‘калм’; CVCC — mast ‘расыг’, sabr ‘быхсынад’, goft ‘загътон’; VCC — ârd ‘ссад’, asb ‘бæх’; VC — âb ‘дон’, az ‘от, из’; V — u ‘уый.

Цацæг куыд дзырд, афтæ морфемæйæн дæр райдианы нæй уæвæн ахæм структурæйæн: CCV, уацæг ахæм типы æрбайсгæ дзырдты æвæрд æрцæуы хъæлæсон протезæ /e/ кæнæ /o/: estekân (уырыссаг «стакан»), doroške (уырыссаг «дрожки»).

Морфологи ивын

Персайнаг æвзаг у флективон-аналитикон. Флексийы байзайæггæгтæ фылдæр æмбæлынц мивдисæджы. Фæлæ уыдонæй уæлдай ма дзы ис бирæ ног аналитикон формæтæ. Ном цæй фæрцы æвдыст цæуы, уыцы дыууæ фæрæзы сты:

Æрды категори персайнаг æвзаджы нæй.

Ном ивын

Нæмттæ персайнаг æвзаджы дихгонд цæуынц номдартæ, миногонтæ, номивджытæ æмæ нымæцонтыл. Номдарæн ис нымæцы æмæ бæрæгдзинад/æбæрæгдзинады категоритæ.

Миногонæн ис бæрцбарæн категори (абаргæ — суффикс –tar ‘-дæр’, уæлахизон — -tarin: bad ‘æвзæр’ — badtar ‘æвзæрдæр’ — badtarin ‘иууыл æвзæрдæр’).

Цæсгомон номивджытæн ис цæсгомы категори.

Æппæт нæмттæн характерон сты аналитизм æмæ чысылнымæц аффиксты агглютинативон хуыз. Хауæны категори персайнаг æвзаджы нæй, фæлæ дзы пайда кæнынц изафетон бæрæггæнæн (-е). Уыцы бæрæггæнæн номджын къорды бæлдат кæны (маркирует) сæйраг дзырд: ketâb-e mâdar ‘мады чиныг’; ketâb-e mâdar-e Amin ‘Амины мады чиныг’; šâh-e bozorg ‘цытджын паддзах’.

Бирæон нымæц æвдыст цæуы æрмæст номдарæн. Уыцы категорийæн дыууæ бæрæггæнæны:

  • -ân (æрмæст удон предметтæн, адæймаджы буары къайджын уæнгтæн æмæ иуæй-иу номдартæн);
  • -hâ (æппæт хуызты номдартæн): mard — mardân/mardhâ ‘нæлгоймаг’ — ‘нæлгоймæгтæ’; setâre — setârehâ ‘стъалы‘ — ‘стъалытæ’.

Араббаг æвзагæй æрбафтæг дзырдтæн фылдæр хатт хъахъхъæд вæййы араббаг бирæон нымæцы бæрæггæнæнтæ: entehâbât — ‘æвзæрстытæ’.

Амонæн номивджытæн дæр номдартау вæййы бирæон нымæцы формæ. Миногонтæн ахæм формæ нæй. Цæсгомон номивджытæн нымæц æвдыст цæуы лексикон æгъдауæй.

Номивджытæ ивын

Иууон нымæц Бирæон нымæц
1-аг цæсгом man — من mâ — ما
2-аг цæсгом to — تو šomâ — شما
3-аг цæсгом u — او inhâ — اینها / ânhâ — انها

Уæзданы формæйы номивæг man («æз») хатгай ивд æрцæуы ахæм номивæгыл: bande (بنده); номивæг «ânhâ» («уыдон») та ахæмыл: išân (ایشان).

Персайнаг æвзаджы нæй æлвасон номивджытæ. Уыдоны бæсты пайдагонд цæуы изафет: medâd-e u («йæ кърандас»), кæнæ номивæгон энклитикæтæ: medâdam («мæ кърандас»).

Фарстон номивджытæ ивын

  • كی (ki) — чи?
  • چه (çe) — цы?
  • كی (key) — кæд?
  • كجا (kojâ) — кæм?
  • چرا (çera) — цæмæн?
  • چطور (çetor) — куыд?
  • چگونه (çegune) — куыд æгъдауæй?
  • چند (çand) — цал?
  • كدام (kodâm) — кæцы?

Синтаксис ивын

Персайнаг у номинативон æвзæгтæй иу. Хъуыдыйады мидæг дзырдты нормалон рæнхъæвæрд у SOV: ahmad dust-am-râ mibinad ‘Ахмæд уыны мæ хæлары’. Инверсийы цаутæ ис дзургæ ныхасы, стæй фольклор æмæ поэзийы. Хъуыдыйады мидæг дзырдты растравгон рæнхъæвæрд у ахæм:

фыццаг бынаты — сæйрат кæнæ афоны фадатон дзырд; фæстаг бынаты — цæсгом æмæ нымæцмæ гæсгæ сæйратимæ æмбаст чи у, уыцы зæгъинаг.

Комкоммæйы æххæстгæнæн фæсæвæрд «râ»-имæ кæнæ æнæ фæсæвæрдæй æвæрд æрцæуы бæттæн мивдисæджы хæдразмæ (хатгай та уымæй фæхицæн вæййы кæнæ фæрссаг æххæстгæнæнæй, кæнæ фадатон дзырдæй):u in ketâbhâ va daftarhâ-râ be šomâ midahad ‘уый ацы чингуытæ æмæ тетрæдтæ дæтты сымахæн’, man nâme minevisam ‘æз фыссын писмо’.

Бæрæггæнæн æвæрд цæуы, йæ кæроны изафетæвдисæг [–е] кæмæн ис, уыцы бæрæггæнинаг дзырды фæстæ: šahr-e zibâ ‘рæсугъд сахар’, xodnevis-e barâdar ‘æфсымæры хæдфысгæ ручкæ’.

Кæд дзырдæн ис цалдæр миниуæгæвдисæг бæрæггæнæны, уæд уыдон цæуынц кæрæдзи фæдыл æмæ фæстагæй фæстæмæ, алкæмæн вæййы изафетæвдисæг.

Номивджытæ æвæрд вæййынц бæрæггæнинаг дзырды раз.

Æмткæй зæгъгæйæ та, персайнаг æвзаджы синтаксисон бастдзинæдтæ æвдыст цæуынц ахæм хуызты руаджы:

  • загъинаг æмæ сæйраты æмбаст (согласование);
  • зæгъинаг æмæ йæ дæлбар уæнгты æмарæзт (фæсæвæрд [-râ] æмæ разæвæрдты фæрцы);
  • æфтыдад (примыкание):
— зæгъинаг æмæ æнæргом (неоформленный) комкоммæйы æххæстгæнæны;
— бæрæггæнинаг æмæ, миногонты уæлахизон бæрцæй æвдыст бæрæггæнæны;
— нымæцон æмæ номивæджы иуæй-иу хуызтимæ;
— зæгъинаг æмæ фадатон дзырды;
  • дзырдты рæнхъæвæрд;
  • хъуыдыйады дих (кæрæдзиимæ мидис æмæ интонацимæ гæсгæ баст чи сты, ахæм дзырдты къордтыл фæдих).

Диалекттæ ивын

Персайнаг æвзаджы диалекттæ ныридæгæн фаг нæма сахуыр кодтой æмæ уый охыл сæ æххæст номхыгъд саразæн нæй. Фылдæр ахуыргонд æрцыди, æндæрты ’хсæн сæйраг бынат чи ахсты, уыцы тегерайнаг диалект. Зындгонд ма сты Керманы, Исфаганы, Новганы (Мешхед), Бирдженды, Систаны, Себзевары диалекттæ. Диалекттæ æмæ диалектты къордтæ дихгонд цæуынц сæ лексикон-грамматикон æмæ фонетикон миниуджытæм гæсгæ. Литературон æвзагæй иуæй-иу диалекттæ уыйбæрц дард лæууынц æмæ сæ схонæн ис хæцæн æвзæгтæ. Тегерайнаг диалект тыхджынæй æндавы аив литературæ, хабархæссæг фæрæзтæ, кино æмæ театры æвзагыл. Зæгъæн ис æмæ сæйраг сахары диалект у нырыккон персайнаг æвзаджы дзурыны нормæ. Тегерайнаг диалект æмæ литературон æвзагæн ис иу фонемон сконд, фæлæ фонемæтæй куыд пайдагæнгæ у, уымæ гæсгæ кæрæдзийæ бæрæг хицæн кæнынц.

Диалекты арæхдæр æмбæлынц, литературон [æ]-йы бæсты кæмæй пайда кæнынц, уыцы мыр [е], стæй бæттæн мивдисæг [-ast].

Æмхъæлæсонты системæйы миниуджытæй иу у /l/ æмæ /r/-ы æмивд.

Бирæон нымæц арæзт цæуы фæсæфтуан [-â]-йы фæрцы.

Диалекты æмæ литературон æвзаджы мивдисæджы цæсгомон кæрæттæ иу не сты — бирæ мивдисджытæн ис æлвæст флекситæ.

Дзурыны æвзаг ивын

Дзурыны æвзаг бæрæг хицæн кæны литературонæй. Се ’хсæн ис хъауджыдзинæдтæ канд фонетикæйы нæ, фæлæ морфологийы æмæ синтаксисы. Уымæй уæлдай ма персайнагау дзургæйæ (уырыссагæй хъауджыдæр) фылдæр хатт нæй пайдагæнæн литературон стилæй, уымæн æмæ арæх уый охыл ныхас вæййы æнæраст æмбæрст (зæгъæм, телефонæй дзургæйæ).

Тæккæ арæхдæр æмбæлæг агъуал — æмхъæлæсонтæ [m] æмæ [n]-йы фæстæ дæргъвæтин [â] ивд æрцæуы [u]-йыл: Irân — Irun, Tehrân — Tehrun, bârân — bârun.

Бæттæн мивдисæг ast æмæ æртыккаг цæсгомы иууон нымæцы мивдистджыты кæрон –ad рахизы кæрон (-e)-мæ: bârân mibârad — bârun mibâre (уаргæ кæны, уары), dorost ast — doroste (раст у, æцæг у), U javâni ast — javuniye (уый æрыгон у).

Кæрон (-e) кæнæ (-a)-йыл чи фæуд кæны, уыцы дзырдты фæстæ –ast рахизы (-ass)-мæ: U tešne ast — U tešnass (уый фæнды дон нуазын, дойны йын у).

Ифтындзæггæнинаг бæттæн мивдисæг баиу вæййы номдаримæ æмæ райсы цæсгомон кæроны хуыз: Man danešju hastam — danešjuyam (Æз дæн студент), ânhâ tehrâni hastand — tehruniyand (Уыдон сты тегерайнæгтæ).

Бирæон нымæцы дыккæгæм цæсгомы мивдисæджы кæронæн дзурыны æвзаджы фæзыны кæрон -in: Cherâ diruz telefon nakardin? (Знон мæм телефонæй цæуылнæ æрбадзырдтат?) Æвзаджы тæккæ æмбæлагдæр фондз мивдисджытæн нырыккон афоны бындурæн (уидагæн) дзурыны æвзаджы ис цыбыргонд формæ — иу æмхъæлæсон мыр кæнæ къайад «хъæлæсон-æмхъæлæсон»:

goftan — g (дзурын), dâdan — d (дæттын), raftan — r (цæуын, «уходить»), šodan — š (кæнын, «делаться, становиться»), âvardan — âr (хæссын, «приносить»). Bahâr barf ab mišavad — bahâr barf ab miše (Уалдзæджы мит тайы), in râ âbejo miguyad — in râ âbejo mige (Уый йæ хоны бæгæны).

Фæдзæхстон здæхæны бирæ мивдисджытæн ис цыбыргонд формæ.

Фæсæвæрд «» дзурыны æвзаджы райсы ахæм формæ: «ro», кæнæ фесты дзырды кæрон «-o» (кæд хицæнгæнинаг номдар фæуд кæны æмхъæлæсоныл, уæд). Дæнцæг:

Man râ bebakhš — Mano bebakhš (Ныббар мын).

Æвзаджы афыст чингуыты ивын

Хъыгагæн, ныридæгæн персайнаг æвзаджы академион грамматикæтæ æмæ дзырдуæттæ арæзт нæма æрцыди. Ираны кæй фыссынц, фарсийы уыцы грамматикæтæ фæдихгæнæн ис дыууæ типыл: иутæ сты, астæузаманæй чи цæуы, классикон поэтты æвзаджы афыст кæныны уыцы традицитæ дарддæргæнæг чингуытæ, иннæтæ — европæйаг модельтыл чи æнцайы, нырыккон æвзаджы ахæм афыстытæ.

Уæрæсейы персайнаг æвзаджы (куыд классикон, афтæ нырыкконы) грамматикæтæ сарæзтой Залеман æмæ Жуковский, Бертельс, Жирков, Ю. А. Рубинчик æмæ æндæртæ.

Ныгуылæн Европæйы арæзт персайнаг грамматикæты ’хсæн тæккæ зынгæдæртæй иуыл нымад у, францаг иранист Жильбер Лазар кæй сарæзта, уый.

Персайнаг æвзаджы стырдæр дзырдуат сарæзта Деххода. Кæд æмæ йæ лексикæйы иу хай дугивгъуыд фæци, уæддæр ныры онг Ираны нымад у фæзминаг стандартыл.

Персайнаг фыссынад ивын

 
Фыссыны фæтк: галиурдыгæй — насх, рахизырдыгæй — насталихъ. Дыууæ хуызы фыст дзырд Тæхран (дамгъæтæ: н-а-р-х-т)

Персайнаг фыссынады бындуры ис араббаг алфавит. Æдæппæтæй персайнаг фыссынады ис 32 дамгъæйы: 28 араббагæй æрбайсгæ дамгъæйы æмæ 4 — оригиналонтæ, араббаг æвзаджы чи нæй, ахæм мыртæ æвдисынæн.

Фыссыны аздæхт — рахизырдыгæй галиуырдæм.

Персайнаг æвзаджы дамгъæтæ нæ дих кæнынц стыртæ æмæ гыццылтыл. Бирæ дамгъæтæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц æрмæст диакритикон нысæнтты фæрцы.

Цалдæр дамгъæйы, гæнæн ис æмæ нысан кæны иу мыр, иу дамгъæ та — цалдæр мыры.

Нырыккон персайнаг фыссынады ма ис ахæм хицæндзинад: персайнагау фысгæйæ арæх пайда кæнынц, насталихъ, зæгъгæ, уыцы фыссыны фæткæй (традицион насхæй уæлдай). Араббаг бæстæты уый нымад у дугивгъуыд фæткыл; Иранæй скæсæнырдæм, уæлдайдæр Пакистаны, насталик у тæккæ пайдагонд фыссыны фæтк.

Персайнаг алфавитæй ма пайда кæнынц æвзаг дарийыл фысгæйæ, 1930-æм азы онг та уыди таджикаг æвзагæн дæр.

Растфыссынад ивын

Тынг актуалон у персайнаг орфографийы фарста. Сæйрагдæр, проблемæ уый мидæг ис æмæ араббаг графикæ нæ арæхсы æмбæлон хуызы равдисын индоевропæйаг æвзаджы æууæлтæ æмæ не ’вдисы цыбыр (лæмæгъ) хъæлæсонтæ (ахуыргæнæн чингуытæ æмæ дзырдуæттæй фæстæмæ). Уый охыл æвзаджы ис бирæ омографтæ. Уыдонæй уæлдай ма ис къорд æндæр лыггæнинаг фарстайы:

  • ныронг нæма ис растфыссынады бæлвырд нормæтæ;
  • бирæ дамгъæтæ, æрмæст арабизмтæ фыссынæн чи уыди, ахæмтæ пайдагонд цæуынц сæрысуангон ирайнаг дзырдты дæр;
  • бирæ дзырдтæ зæгъæн кæнæ фыссæн ис цалдæр хуызы;
  • разæвæрдтæ, разæфтуантæ æмæ æндæр форманттæ иу автортæ фыссынц дзырдтимæ иумæ, иннæтæ — хицæнтæй;

æмæ афтæ дарддæр.

Нæдæр сихы хицауад, нæдæр исламисттæ тырныдтой сæ фыссынад латинаг бындурмæ раивынмæ кæнæ орфографи рацарæзынмæ. Латинизацийы фарслæуджыты архайд абаргæйæ активон уыди æрмæст 1930-æм азты.

Цыфæндыйæ дæр орфографиийы карзæй æххæстгонд цæуы къорд принципы. Хæрз стæм уавæртæй фæстæмæ, дæргъвæтин хъæлæсонтæ фысты æвдыст цæуынц хицæн нысæнттæй (алиф, вав, йод), цыбыртæ та (уыдонимæ изафетон кæрон -е/-уе дæр) — фысты бæрæг нæ кæнынц. Æмхъæлæсонтæ фысгæ сты фонетикон æгъдауæй, фæлæ иуæй-иу мыртæн уайы цалдæр фæйнæхуызон дамгъæйы (уый фылдæр хауы араббагæй æрбайсгæ дзырдтæм; хатгай та бахъæуынц омонимтæ кæрæдзийæ иртасынæн).

Тексты дæнцæгтæ ивын

Прозаикон текст ивын

Персайнаг æвзаг Транслитераци Тæлмац
همه ی افراد بشر آزاد به دنیا می‌آیند و از دید حیثیت و حقوق با هم برابرند, همه دارای اندیشه و وجدان می‌باشند و باید دربرابر یک دیگر با روح برادری رفتار کنند. Hameye afrâde bašar âzâd be donyâ miyâyand va az dide heysiyat o hoquq bâ ham barâbarand. Hame dârâye andisheh o vedždân mibâšand va bâyad dar barabare yekdigar bâ ruhe barâdari raftâr konand. Æппæт адæймæгтæ дæр райгуырынц сæрибарæй, стæй æмсæр æмæ æмбарæй. Уыдон хайджын сты зонд æмæ намысæй, æмæ хъуамæ кæрæдзимæ кæсой æфсымæры цæстæй.

— Статья 1 (Адæймаджы барты æппæтиумæйаг деклараци)

Æмдзæвгæйы скъуыддзаг дзурыны æвзагыл ивын

Персайнаг æвзаг[1] Транслитераци Тæлмац
تو رو با حول و بلا تنها گذاشتن٬
اونا که لیاقت عشق و نداشتن٬
تـک و تــنهـایی و با پای پــیـاده٬
مـتـاسفــم بــرات ای دل سـاده

To ro bâ hol o balâ tanhâ gozâštan,
Unâ ke liyâqate ešq o nadâštan,
Tak o tanhâyi o bâ pâye peyâde,
Moteâssefam barât ey dele sâde

Дæу дæ рис æмæ де ’намондимæ ныууагътой
Дæ уарзты аккаг чи нæу, уыдон,
Ды иунæгæй цæуыс,
Тæригъæд кæнын дæ хуымæтæг зæрдæйæн.

Мохсен Чавоши (нырыккон поэт æмæ зарæггæнæг)

Æрвитæнтæ ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Ам спайда чынди дзурыны æвзаджы нормæтæй.