Ельцин, Борис Николайы фырт

(Борис Ельцин-æй æрвыст)

Борис Николайы фырт Е́льцин (райгуырдис 1931-æм азы 1 февралы Буткайы хъæуы Свердловсчы облæсты — амардис 2007-æм азы 23 апрелы Мæскуыйы) уыд советон æмæ Уæрæсейы политик, Уæрæсейы Федерацийы фыццаг президент (1991-2000).

Борис Николайы фырт Ельцин
уырыс. Борис Николаевич Ельцин
1985-æм азы 23 декабры — 1987-æм азы 11 ноябры
Раздæр чи уыд Виктор Васильевич Гришин[d]
Фæстæдæр Зайков, Лев Николаевич[d]
1990-æм азы 29 майы — 1991-æм азы 10 июлы
Раздæр чи уыд Виталий Иванович Воротников[d]
Фæстæдæр Руслан Хасбулатов[d]
1991-æм азы 10 июлы — 1999-æм азы 31 декабры
Фæстæдæр Владимир Путин
1991-æм азы 6 ноябры — 1992-æм азы 15 июны
Фæстæдæр Егор Гайдар[d]
1992-æм азы 16 мартъийы — 1992-æм азы 18 майы
Раздæр чи уыд Константин Иванович Кобец[d]
Фæстæдæр Павел Сергеевич Грачёв[d]
1992-æм азы 7 майы — 1999-æм азы 31 декабры
Райгуырдис 1931-æм азы 1 февралы(1931-02-01)[1][2][…]
Амардис 2007-æм азы 23 апрелы(2007-04-23)[3][1][…] (76 азы)
Ныгæныны бынат
Фыд Николай Игнатьевич Ельцин[d]
Мад Клавдия Васильевна Ельцина[d]
Æмкъай Наинæ Ельцина[d][6]
Сывæллæттæ Татьяна Юмашева[d] æмæ Елена Борисовна Окулова[d]
Парти
Ахуырад
Дин Уæрæсейы растуырнæг еклези[d] æмæ растуырнæг дин
Къухæрфыст Изображение автографа
Хорзæхтæ
Хуындад Верховный Главнокомандующий Вооружёнными Силами Российской Федерации[d]
Командæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Хотыхджын тыхтæ[d]
Тохтæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Ельцин райгуырдис Уралы хъæуы, зæхкусджыты бинонты ’хсæн. Йæ разгæ бонтæ арвыста Пермы облæсты сахар Березникийы. Уым каст фæцис астæуккаг скъола. Æфсадмæ йæ нæ басидтой, уый тыххæй æмæ йæ армы дыууæ æнгуылдзы нæ уыд.

Ельцин студент куы уыд, тынг уарзта волейбол, сси спорты мастер. 1955-æм азы каст фæци Уралы политехникон университет, æмæ инженер-аразæг сси (йæ дипломон куысты темæ уыд «Телеуынынады мæсыг»). 1955-1968 азты куыста арæзтады. 1968-æм азæй куыста партион архайæгæй, 1985-æм азæй — Мæскуыйы.

1991-æм азы 10 июлы Уæрæсейы адæмæн иузæрдыгдзинадыл ард бахордта æмæ сси УСФСР-йы президент. Йæхæдæг куыд бафиппаидта, сси Уæрæсейы историйы, адæм кæй равзæрстой, фыццаг ахæм сæргълæууæг.

Ельцины критиктæ йæ зылын кæнынц, уый 1991-æм азы Беловежьейы бадзырдыл кæй йæ къух æрфыста, уый тыххæй. Беловежьейы бадзырды аххосæй, дам, Советон Цæдис фехæлдис, Хуссар Ирыстон æмæ æндæр рæтты быцæутæ сирвæзтысты, дуне та дыууæполюсонæй иуполюсон сси.

Борис Ельцин æмæ Билл Клинтон. 1999-æм азы 18 ноябры

Фиппаинæгтæ

ивын