Боциты Тæтæрийы[1] (Тимофейы) фырт Барон (райгуырдис 1901-æм азы 13 сентябры Тибы — амардис 1944-æм азы 20 июлы Дзæуджыхъæуы) уыдис ирон фыссæг, поэт, прозаик, культурон æмæ литературон архайæг.

Боциты Барон
Райгуырды датæ 1901-æм азы 13 сентябры(1901-09-13)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1944-æм азы 20 июлы(1944-07-20) (42 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, поэт
Сфæлдыстады азтæ 1925
Уацмысты æвзаг ирон

1923-æм азы ралыгъдис Дзæуджыхъæумæ, бацыдис Фæскомцæдисмæ, ахуыр кодта, сси коммунист. 1925-æм азæй фыста æмдзæвгæтæ. Цалдæр азы дæргъы ахуыр кодта Мæскуыйы, Сталины номыл Скæсæны кусджыты коммунистон университеты. 1932–35 азты йæ ахуырад дарддæр кодта Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæг институты, йæ дæсныйад уыдис «Ирон филологи».

Куыста «Мах дуджы» редакторæй[1], уыд Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдар[1] æмæ Ирон литературæйы музейы директор. Амыдта ирон литературæ Цæгат Ирыстоны педагогон институты студенттæн, архайдта сывæллæтты театр саразыныл.

Йæ зындгонддæр уацмыс у роман «Саст рæхыс», æвдисы дзы Октябры революцийы агъоммæ æмæ мидхæсты рæстæджы цард Ирыстоны.

Амардис 42-аздзыдæй 1944-æм азы 20 июлы, ныгæд и Ирон аргъуаны кæрты уæлмæрдты.

Йæ фырт Юри уыдис поэт, прозаик, фыста уырыссаг æвзагыл, рауагъта къорд чиныджы.

Фиппаинæгтæ ивын

Æддаг æрмæг ивын