Октябры революци
Октябры революци (уырыс. Октябрьская революция, æххæст официалон ном Советон Цæдисы — Октябры Стыр социалистон революци кæнæ та иронау Цытджын Октябры социалистон революци[1][2], иннæ нæмттæ: Октябры фæфæлдæхт, большевикон фæфæлдæхт, æртыккаг уырыссаг революци) уыдис XX æнусы стырдæр политикон цаутæй иу, 1917-æм азы Уæрæсейы революцийы хай.
Хотыхджын растады фæстиуæгæн Рæстæгмæ хицауад раппæрстой. Растад чи цæттæ кодтой, уыдоны ’хсæн уыдысты В. И. Ленин, Л. Д. Троцкий, Я. М. Свердлов æмæ æндæртæ. Растады разамынд кодта Æфсæддон-революцион комитет (уырыс. Военно-революционный комитет, уый сконды уыдысты большевикты йеддæмæ галиу эсертæ дæр.
Октябры революцийы фæстæ Уæрæсейы райдыдта мидхæст.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Афтæ литературæйы; зæгъæм, Коцойты Арсены уацмысты æмбырдгонды
- ↑ Ирон-уырыссаг дзырдуат. Сарæзтой йæ: Бигъуылаты Б., Гагкайты Хъ., Гуыриаты Т., Хъуылаты Г., Гуаты О. Дзæуджыхъæу, «Алания», 2004 — 540 ф.