Буль, Пьер
Пьер Буль (фр. Pierre Boulle) — францаг фыссæг.
Пьер Буль | |
---|---|
фр. Pierre Boulle | |
Гуырæн ном | фр. Pierre François Marie Louis Boulle |
Райгуырды датæ | 1912-æм азы 20 февралы[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1994-æм азы 30 январы[1][2][…] (81 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | фыссæг, сценарист, романист, инженер, фыссæг-фантаст |
Сфæлдыстады азтæ | 1950 — 1994 |
Уацмысты æвзаг | францаг[5] |
Хорзæхтæ | |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивынПьер Буль райгуырдис Авиньоны 1912-æм азы 20 февралы. Æхсæзаздзыдæй райдыта ахуыр кæнын лицейы райдиан къласы. 1920-æм азы йæ фыд Эжен Буль цæугæдон Ронæйы былгæрон Илоны балхæдта зæххы фадыг. Уыцы бынат сси Пьеры уарзондæр хъазæн ран. Æхсæз азы фæстæ йæ фыд фæзиан.
1930-æм азы Пьер райста элементарон математикæйы бакалавры диплом æмæ фæстаг хатт арвыста сæрд Илоны. Суинаг фыссæг сфæнд кодта ахуыр кæнын инженерыл æмæ бацыди Инженер-электрикты Парижы Уæлдæр институт (фр. École Supérieure d'Électricité).
1933-æм азы Пьер фæци каст ацы ахуырдон æмæ райста инженеры диплом. Уый фæстæ æртæ азы фæкуыста Францы инженерæй. 1936-æм азы, зындгонд нывгæнæг Гогенау Пьер ныууагъта йæ амы хъуыддæгтæ æмæ араст ис Малайзимæ. Уым Буль сси Куалæ-Лумпурмæ хæстæг плантациты плантатор.
1939-æм азы Германы æфсæдтæ Францы куы соккупаци кодтой, уæд Буль бацыди бархионæй, Сингапуры организаци «Сæрибар Франц»-ы цы мисси уыди, уырдæм. Смобилизацийы фæстæ Пьер Буль фæахуыр кодта, хидтæ рæмудзын æмæ æндæр диверситæ кæныныл кæм ахуыр кодтой, ахæм шпионты скъолайы. Уыцы скъола каст фæуыны фæстæ Буль сусæг агенты (йæ уæды фæсномыг уыди Питер Джон Рул) хуызы архайдта алыхуызон операциты Китайы, Бирмæйы, Францы Индокитайы.
1940-æм азы февралы Буль бахауди Аннаммæ (Индокитайы цæгатаг хай), октябры та — Лаосмæ. Куыд Франц йæхæдæг, афтæ Францаг Индокитай дæр фæдихтæ ис дыууæ лагерыл — иутæ уыдысты Ныхмæлæууыны змæлды архайджытæ, иннæтæ — Вишийы коллаборционистон режимы фарслæуджытæ. 1943-æм азы вишисттæ цæугæдон Меконджы æрцахстой Булы æмæ йын рахастой цæрæнбонтæм Сайгоны лагеры фæбадыны тæрхон. Ахæстоны Пьер бавзæрста фыргуыст, æххормаг æмæ ахæстонгæсты æгъатыр ахаст. Æппынфæстаг Пьер Буль сæххæст кодта йе ’рвылбоны бæллиц — йæ къухы бафтыди алидзын уыцы хъизæмардонæй. Лагерæй алыгъды фæстæ 1944-æм азы Буль бацыди, суанг хæсты кæронмæ кæм фæслужбæ кодта, уыцы англисаг хæстон экспедицион корпусы рæнхъытæм.
1945-æм азы Буль сыздæхти Парижмæ. Францаг хицауад æй схорзæхджын кодта паддзахады уæлдæр хорзæхтæй: Намысы Легионы орденæй, Æфсæддон дзуары орденæй æмæ Ныхмæлæууыны майданæй.
Хæсты фæстæйы азты Францы зын уыди куыст ссарын æмæ Буль ногæй араст ис Малайзимæ, плантациты кусынмæ. Уый фæстæ Пьер фæци цасдæр рæстæг Камеруны. 1949-æм азы та раздæхти фæстæмæ Францмæ æмæ дзы фæцарди йæ амæлæты бонмæ.
Сфæлдыстад
ивынФыссын Пьер Буль райдыдта уацары, лагеры ма куы уыди, уæд. Уым йын уыди боныг, æмæ уыцы боныджы фыстытæ фæстæдæр фесты йæ бирæ уацмысты бындур. Йæ фыццаг чиныг, роман «Уильям Конрад», фыссæг рауагъта 1950-æм азы.
1963-æм азы Пьер Буль рауагъта йæ тæккæ зындгонддæр чиныг — зонадон-фантастикон роман «Маймулиты планетæ» («La planete des singes»). Фæстæдæр йæ ацы уацмыс дыууæ хатты æрцыд экранизацигонд.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Pierre Boulle // Encyclopædia Britannica (англ.)
- ↑ 2,0 2,1 Pierre Boulle // Internet Broadway Database (англ.) — 2000.
- ↑ 3,0 3,1 Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
- ↑ LIBRIS — Национальная библиотека Швеции, 2013.
- ↑ CONOR.Sl