Париж (фр. Paris) у Францы сæйраг сахар, уыцы бæстæйы ахсджиагдæр экономикæ æмæ культурæйы артдзæст. Сахар æрбынат кодта цæугæдон Сенæйы былгæрæтты, Францы цæгаты.

Сахар
Париж
фр. Paris
Paris - Eiffelturm und Marsfeld2.jpg
Тырыса Герб
Тырыса Герб
48°52′00″ с. ш. 2°19′59″ в. д.HGЯO
Паддзахад Франц Франц
Регион Иль-де-Франс
Департамент Париж
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд III æнус нæ эрæйы агъоммæ[1]
Фæзуат 105,4 км²
Центры бæрзæнд 33 м
Сахатон таг UTC+1:00, сæрды UTC+2:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +33 1
Посты индекстæ 75001—75020 æмæ 75116
paris.fr(фр.)
Париж (Франц)
Red pog.png
Париж (Иль-де-Франс)
Red pog.png
Париж (Париж)
Red pog.png
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Сахары тынг бирæ фенддæгтæ ис, бирæ туристтæ æрбацæуынц уырдæм æрвылаз. Зындгонддæр фенддæгтæ сты Лувр æмæ Эйфелы мæсыг.

XX æнусы Парижы æрцардысты, Октябры революцийы фæстæ Уæрæсейæ чи ралыгъди, уыдонæн сæ фылдæр. Уыцы лигъдæтты хонынц урс эмиграци.

Ахуырдзинад æмæ зонадИвын

Авторитетджындæр Францы ахуыры уагдæттæ сты сæ сæйраг сахары. Париж фыццаг бынат ахсы дунейы студентон сахарты рейтинджы.[3]

Сорбоннæ, Парижы зынгонддæр университет, бындур æрæвард æрцыдис 1257-æм азы Роберы де Сорбон фæрцы, цæмæй цалдæр дæсой мæгуыр студентты сахуыр кæной теологи[4]. Тагъд рæстæджы университет сси Францы егъаудæр ахуыры уагдон. Сорбоннæйы алыварс сæвзæрд Номдзыд Латинаг квартал.

 
Овалон зал Францы националон библиотекæйы рагон агъуысты

Парижы ноджы дæр сты Коллеж де Франс, Политехникон скъола, Бæрзонддæр нормалон скъола, Католикон институт, Хохы институт æмæ Управленийы националон институт.

ФиппаинæгтæИвын