Бутаты Аслæнбег
Бутаты Саввæйы фырт Аслæнбег (1876-1939) уыдис æхсæнадон æмæ политикон архайæг, фыццаг ирон газеты рауадзæг. Революци фæстæйы азты сси Хæххон республикæйы адæмон хæдзарады министр.
Бутаты Саввӕйы фырт Аслæнбег | |
---|---|
Райгуырдис |
1880 Салыгæрдæн |
Амардис |
1939 Мæскуы |
Архайд | æхсæнадон архайæг, политикон архайæг |
Цардафыст
ивынАслæнбег райгуырдис 1876-æм азы Салыгæрдæны. Йæ фыд Саввæ уыд зæхкусæг æмæ уыди йын 9 сывæллоны: 5 лæппуйы æмæ 3 чызджы. Уæззау уыдысты сæ саби бонтæ, фæлæ уæддæр тырныдтой ахуырмæ æмæ иуылдæр райстой бæрзонд ахуырад. 1930-æм азты Саввæйы фырттæ иулдæр баййæфтой репресситы рæстæг. Кæйдæрты рарвыстой, кæйдæрты та сбадын кодтой æви топмæ бавæрдтой.
Хистæр фырт — Аслæнбег скъолайы фæстæ бацыди Æрыдоны дины семинармæ. 1900-æм азы та бахауди Императоры Зонæдты универститемæ (Тарту, Эстони).
Революци фæстæйы, Аслæнбег æнгомæй баллæуыди Хæхон змæлдмæ. 1918-æм азы сси Хæххон республикæйы адæмон хæдзарады министр.
Хæххон республикæйы хæлды фæстæ баззади Кавказы.
1938-æм азы НКВД СССР æй æрцахста æмæ йæ фæаххосджын кодтой контрреволюцийы змæлды.
1939-æм азы йæ фехстой. Аслæнбегыл цыди 63 аз. [1]