Хæххон республикæ

Цæгат Кавказ æмæ Дагъистаны Иугонд Хохæгты Цæдис (1917-æм азы маййæ октябры онг), Цæгат Кавказы Цæдисы Адæмты Республикæ кæнæ, цыбырæй, Хæххон республикæ (1918-æм азæй) уыдис Цæгат Кавказы территорийыл автономон паддзахад, расидтой йæ 1917-æм азы 1 майы Цæгат Кавказы адæмты æмбырдгонды сахар Дзæуджыхъæуы, Ольгинскæйы сылгоймæгты гимназы агъуысты. Уыдис Дагъистан æмæ Терчы облæсты хæххон зылдты зæххытыл. 1918-æм азы апрелы Цæдисы ЦК хæдбардзинад расидта. Официалон æгъдауæй та хæдбардзинад расидысты 1918-æм азы 11-æм майы, Батумы сабырдзинады конференцийы.

Историон паддзахад
Хæххон республикæ
Тырыса Герб
Тырыса Герб
 
 
 
 

Сæйраг сахар Дзæуджыхъæу (1917 азы май — 1918 азы декабрь)
Батум
Темир-Хан-Шура (1918-æм азы ноябрæй)
Леваши (рæстæгмæ сæйраг сахар)[1]
Æвзаг абхазаг, даргинаг, ирон, кæсгон-черкесаг, лакаг, лекъаг, мæхъхъæлон, рутулаг, солиаг, уырыссаг, хъæрæсейаг-балхъайраг, хъуымыхъхъаг, цæцæйнаг
Официалон æвзаг уырыссаг
Хицауиуæджы хуыз Парламентон республикæ
Паддзахады хицаутæ
Сæрдар (1917 — 1918)
 • 1917-æм азы май — 1917-æм азы декабрь Тапа Чермоев
 • 1917-æм азы декабрь — 1918-æм азы январь Рашитхан Капланов
Премьер-министр (1918-æм азы апрелæй)
 • 1918-æм азы апрель — 1918-æм азы декабрь Тапа Чермоев
 • 1918-æм азы декабрь — 1919 Пшемахо Коцев
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа
Хæххон Республикæйы хицауад

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. М. Вачагаев «Союз горцев Северного Кавказа и Горская республика. История несостоявшегося государства государства. 1917-1920.» 2018 г. стр. 237