Потто, Василий Александры фырт
Василий Александры фырт Потто (1836-æм азы 13 январь — 1911-æм азы 11 ноябрь) уыдис Уæрæсейы империйы Кавказы æфсады генералон штабы сæргълæууæг, инæлар-лейтенант, æфсæддон историк. В.А. Потто зындгонд сси, Кавказы хæсты тыххæй цы историон куыстытæ ныффыста, уыдоны фæрцы.
Василий Александры фырт Потто | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1836-æм азы 1 январы[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1911-æм азы 11 ноябры (75 азы) кæнæ 1911[2] |
Мæлæты бынат | |
Æфсæдты хуыз | кавалери[d] |
Æфсæддон куысты азтæ | 1855—1911 |
Хуындад | кавалерийы инæлар[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивынВасилий Потто райгуырдис Тулæйы губернæйы. Æфсæддон ахуыр райста Паддзах Александры Тулæйы кадетон корпусы (уырыс. Тульский Александровский кадетский корпус), Бахтины номыл Орёлы кадетон корпусы æмæ Дворянты полчъы.
1855-æм азы йын лæвæрд æрцыд прапорщичы цин æмæ йæ снысан чынди Новороссийсчы драгунты полкъмæ. Уыцы полчъы уæвгæйæ архайдта Хъырымы хæсты Хъарсы блокадæ кæныны æмæ байсты, стæй 1863-æм азы Польшæйы растад басæттыны.
1866-æм азы Потто куыста Паддзах Никъалайы кавалерион училищейы ахуыргæнæгæй. Уæд ын уыди капитаны цин. Фæстæдæр та йæ аивтой Паддзахы Уланты лейб-гвардийы полкъмæ. 1870-æм азы октябрæй 1881-æм азы декабрьмæ Василий Потто службæ кодта Оренбурджы хъазахъхъы юнкерон училищейы сæргълæууæгæй æмæ нымад уыди Лейб-гвардийы Уралы хъазахъхъы эскадроны сконды. 1877-æм азы февралы йын лæвæрд æрцыд булкъоны цин, 1899-æм азы та сси инæлар-майор. Потто ма акуыста Кавказы æфсæддон зылды штабы цур æфсæддон-историон хайады сæргълæууæгæй. Отставкæйы рацыди инæлар-лейтенанты цинимæ.
Æддаг æрмæг
ивын- ↑ Identifiants et Référentiels (фр.) — ABES, 2011.
- ↑ Library of Congress Authorities (англ.) — Library of Congress.