Википедийы тæрхон:Стилы разамынд

Аббревиатурæтæ æмæ æрбайсгæ ныхæстæ æндæр хауæнты ивын

Кæд уырыссаг æвзагы ис гæнæн зæгъын «Это земля США», æмæ США йæ формæ ма фæива, фæлæ «Это земля России»'йы та Россия фæ-России уа, уæд ироны афтæ нæу. Зæгъæм АИШ куыд хъæуы ныффыссын гуырæнон хауæны? АИШы, АИШ'ы кæнæ АИШ-ы, гæнæн ис ахæмтæ дæр разыной, мæ АИШЫ фыссой. Фæнды мæ сбæрæг æй кæнæм куыд растдæр у, æмæ йæ разамындмæ бахæссæм. Шы хъуыды кæнут?--Bouron 21:12, 18 сентябры 2011 (UTC)Ответить

Иронау ис фыссæн æрмæстдæр АИШ-ы, дефисимæ, кæд æндæр æвзæгты æндæр æгъдæуттæ ныффидар сты (турк фыссынц апострофимæ: ABD'nin), уæддæр. Amikeco 21:20, 18 сентябры 2011 (UTC)Ответить
Уæд ыз уæччæгæн фæтагъд кодтон аимæ. Искуы фидаргонд у?--Bouron 21:40, 18 сентябры 2011 (UTC)Ответить
О, фæтагъд кодтай :) Орфографийы æгъдæуттæ уыцы дефисы тыххæй ницы фыссынц, фæлæ дзы пайда кæнынц дефисæй: «Мырон, стæй уырыссаг æвзагæй цæттæ арæзтæй ист аббревиатурæтæ фыссын хъæуы, кæройнаг мыр кæнæ дамгьæ куыд дзырдæуы, уымæ гæсгæ, хъæлæсоныл, кæнæ æмхъæлæсоныл фæугæ дзырдты кæрæттимæ: ЦИПУ-йы студент, АИШ-ы, ВАК-ы, вузæй». Афтæ фыссынц газеттæ æмæ журналтæ дæр. Amikeco 22:06, 18 сентябры 2011 (UTC)Ответить
Бузныг афтæ лæмбынæг мын æй кæй бамбарын кодтай. Æвзаджы класс дæр фæивтон:
{{grammar:genitive|АИШ}} - АИШ-ы
{{grammar:dative|АИШ}} - АИШ-æн
Фæлæ йæ разамынды шы хаймæ бахæссæм? --Bouron 07:33, 7 октябры 2011 (UTC)Ответить

Аббревиатурæ æндæр æвзагæй æмæ Ног аббревиатурæты мысыны тыххæй ивын

Проблемæ фæзындис аббревиатурæтимæ. Зæгъæм USB куыд фыссгæ у? Кæнæ FIFA? Англисаг вкипедийы ахæм уагæвæрд ис:

Generally avoid making up new abbreviations, especially acronyms (World Union of Billiards is good as a translation of Union Mondiale de Billard, but neither it nor the reduction WUB is used by the organization; so use the original name and its official abbreviation, UMB). If it is necessary to abbreviate a heading in a wide table of data, use widely recognized initialisms (for United States gross national product use US and GNP, with a link if the term has not already been written out: US GNP; do not use the made-up initialism USGNP).

Уырыссагы фыссынц USB æмæ ФИФА. Мæммæгæсгæ раст у. Цы хъуыды кæнут?--Bouron 22:57, 22 октябры 2011 (UTC)Ответить

Мах дæр ног аббревиатурæтæ ма ’рымысæм. Фæлæ ирон мыхуыр æмæ чингуыты цы аббревиатурæтæ вæййынц, уыдон ардæм дæр æнæмæнг хæссинаг сты. Куыд ИНО, АИШ, ХПÆ æмæ æндæртæ. Amikeco 23:02, 22 октябры 2011 (UTC)Ответить
Вернуться к странице проекта «Стилы разамынд».