Википеди:Админтæ
Википедийы админ у Википедийы ахæм архайæг, сæрмагонд бартæ æмæ хæстæ кæмæн ис. Админы бон у:
- статьятæ аппарын;
- раздæр æппæрст чи ’рцыди, уыцы статьятæ ногæй рацаразын;
- статьятæ сæхгæнын (зæгъæм, фæлхатуæвæг вандализмы ныхмæ, кæнæ та компромисс ссарыны рæстæгмæ);
- техникон фыстытæ ивын (ома, MediaWiki-йы нæмттæ ирон æвзагмæ тæлмац кæнын);
- вандалы митæ чи кæны, ахæм фыдгæнджыты Википедийæ иуварс кæнын.
Админтæн ницы уæлдай бартæ ис. Уыдон æндæр архайджытæй хуыздæр ницæмæй сты, нæй сын бар сæ цæстæнгас искæмæн тыхæвæрд кæнын. Ома, уыдон сты хуымæтæджы Википедийы архайджытæ, ницы уæлæмхасæн тых сын и.
Чи фидар кæны админты
ивынВикипедийы мидæг ис «бюрократтæ» кæй хонынц, ахæм адæм. Бюрократтæ, админы бынатмæ чи хъавы, уыдоны бавдысттæм лæмбынæгæй кæсынц æмæ рахæссынц тæрхон.
Админы бынатмæ дæхи, кæнæ æндæр адæймаджы бавдисын дæ бон у мæнæ ацы фарсыл: Википеди:Админтæ/админадмæ курдиат. Ног админы сфидар кæнынæн хъуамæ уа бындур.
Куыд ис админы йæ бартæй фæцух кæнын?
ивынАдминты сæ бартæй цух кæнынц мæнæ ахæм аххосты тыххæй.
- Рæстæгмæ админæн йæ рæстæг куы фæвæййы. Адæм ног проект куы райдайынц, уæд сæ хъæуы админад: техникон фыстытæ тæлмац кæнынæн. Уæд сын дæттынц рæстæгмæ админы бар: ома, Википедийы архайджытæй чидæр сси админ, фæлæ 30 боны кæнæ æндæр æмгъуыды фæстæ йæ админы бартæ фæуыдзысты.
- Админ нал зыны Википедийы. Афæдзы дæргъы чи нал зыны (ивддзинæдтæ нæ кæны) Википедийы, уымæн админæй баззайæн нæй, æмæ йæ аивынц. Админы куыст у мæрзæджы куысты хуызæн: куы нæ мæрза, уæд дзы пайда нæй.
- Википедийы дзыллæ админы митыл разы куы нал уа. Админ хъуамæ уа хорз ахастыты иннæ Википедийы архайджытимæ. Адæм админыл куы нал æууæндой, уæд йæ админадæн йæ кæрон æрцыди. Википедийы админы статус цæрæнбойнон нæу.
- Википедийы нысан æмæ фæтк хæлыны фæдыл.
Админы архайды тыххæй хъастгæнæн ис Метавикийы мæнæ ацы фарсыл: meta:Requests_for_permissions.
Ирон Википедийы админтæ
ивын- 2005-æм азы 7 мартъийы, WikiMedia-йы тæрхонмæ гæсгæ, Amikeco сси ирон Википедийы админ.
- 2008-æм азы декабры, æвзæрстыты фæстиуæгæн, Taamu сси ирон Википедийы дыккаг админ.
- 2012-æм азы декабры Bouron ссис рæстæгмæ админ, æвзæрстыты цыд.