Википеди:Бюрократтæ
Бюрократ у Википедийы активон архайæг, кæй бон у:
- ног админты æмæ бюрократты фидар кæнын (бюрократы бынатæй кæйдæр аивын бюрократы бар нæу);
- архайæгæн роботы нысан сæвæрын æмæ йæ аивын;
- архайджыты регистрацион нæмттæ ивын.
Бюрократты тæрхонæн хъуамæ алы хатт дæр уа бындур. Ног админтæ æмæ бюрократты фидар кæнынæн хъæуы Википедийы архайджыты æмзæрдæдзинад. Википедийы чи нал зыны (статьятæ нал ивы), кæнæ Википедийы фæтк чи халы, ахæм бюрократæй йæ бартæй ссарибар кæнын хъæуы — уыцы хъуыддагмæ ис сæрмагонд фарс Мета-Википедийы.
Ирон Википедийы ныртæккæ иу бюрократ дæр нæй.