Гагарин, Юрий Алексейы фырт
Гагарин Юрий Алексейы фырт (уырыс. Юрий Алексеевич Гагарин; райгуырдис 1934-æм азы 9 мартъийы — амардис 1968-æм азы 27 мартъийы) у советон (уырыссаг) тæхæг-космонавт æмæ, адæймæгтæй космосмæ фыццаг хатт чи атахтис, уый[4].
Юрий Алексейы фырт Гагарин | |
---|---|
уырыс. Юрий Алексеевич Гагарин | |
Гуырæн ном | уырыс. Юрий Алексеевич Гагарин |
Райгуырды датæ | 1934-æм азы 9 мартъийы[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1968-æм азы 27 мартъийы[1][2][…] (34 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | тæхæг, космонавт, афицер, политик, бæлццон-иртасæг |
Фыд | Алексей Гагарин[d] |
Мад | Анна Тимофеевна Гагарина[d] |
Æмкъай | Валентинæ Гагарина[d] |
Сывæллæттæ | Елена Юрьевна Гагарина[d] æмæ Галина Юрьевна Гагарина[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Гагарин райгуырдис зæхкусджыты бинонты ’хсæн, Клушинойы хъæуы сахар Гжатскмæ (ныры Гагарин) æввахс. Йæ сабийы бонтæ йæ райгуырæн хъæуы арвыста, 1941-æм азы 1 сентябры бацыдис скъоламæ, фыццаг къласмæ. Фæлæ уыцы аз 12 октябры хъæу байстой Æртыккаг Рейхы æфсæддонтæ, æмæ ахуыртæ ныллæуыдысты. 1943-æм азы 9 апрелы хъæу ссæрибар кодтой сырхæфсæддонтæ, æмæ скъола скуыста ногæй.
1945-æм азы 24 майы Гагарины бинонтæ ралыгъдысты Гжатскмæ.
Гагарин сси хæстон тæхæг, æмæ йæ иннæ кандидаттæй равзæрстой дунейы фыццаг космонавт суæвынмæ. 1961-æм азы 12 апрелы уый бакодта историйы фыццаг тахт космосмæ.
-
1964
-
1976
-
2009
-
2011
-
Юрий Гагарин, 1 сом
-
2001
-
2011
-
2011
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Гагарин Юрий Алексеевич // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ 2,0 2,1 Juri Alexejewitsch Gagarin // filmportal.de — 2005.
- ↑ Большая российская энциклопедия (уырыс.) — Москва: Большая российская энциклопедия, 2004.
- ↑ Большая Российская энциклопедия: В 30-ти тт. / Председатель науч.-ред. совета Ю. С. Осипов. Отв. ред С. Л. Кравец. Т. 6. Восьмеричный путь — Германцы. — М.: Большая Российская энциклопедия, 2006. — 767 с.