Гаджиты Барисы фырт Георги (райгуырдис 1932-æм азы Кировыхъæуы — амардис 1998-æм азы) у ирон поэт.

Цардафыст

ивын

Гаджиты Георги райгуырди Цæгат Ирыстоны Кировыхъæуы. Бакасти сæ хъæуы астæуккаг скъолайы, стæй та Мæскуыйы М. Горькийы номыл литературон институты. Дзæуджыхъæумæ куы сыздæхт, уæд ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæг институты аспирантурæйы. Куыста журнал «Мах дуджы» редакцийы, Цæгат Ирыстоны музыкалон-драмон театры литературон хайады сæргълæууæгæй, Фысджыты цæдисы консультантæй æмæ бæрнон секретарæй.

Георгийы æмдзæвгæты фыццаг чиныг «Æхсæрдзæн» мыхуыры рацыди 1956 азы. Æмдзæвгæтæй уæлдай ма фыста пьесæтæ æмæ литературон-критикон уацтæ. Йæ поэтикон уацмысты æххæстдæр æмбырдгонд «Гутон æмæ стъалытæ» йын рауагъта чиныгуадзæн «Ир» 1982 азы.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012